TOP

Автор: Уарзиаты Вилен

Равзæрæн: Журнал «Мах дуг», 1992, №3

Иллюстраци: Петр Грузинскийы ныв (1837 — 1892) «Оставление горцами аула…»

1431120856_1219831375_vilen3

Нудæсæм æнусы дыккаг æмбисы ирæтты иу хай ныууагътой сæ райгуырæн бæстæ æмæ алыгъдысты æмдингæнæг Туркмæ. Кавказæй цы адæм лыгъдысты, уыдон иууылдæр хуындысты мухадзыртæ, араббагау уыцы дзырд амоны «лигъдæттæ». Ацы фыдæвзарæн цаутæн цы аххосæгтæ уыд,. уыдоны тыххæй ирзонынады дзæвгар ныхас цыдис. Суанг ма паддзахы заманы джиппæй уагъд уыдысты Хъаныхъуаты Инал æмæ Цæлыккаты Ахмæты фыст уацтæ. Советон рæстæджы мухадзырты тыххæй фыстой Дзагуырты Гуыбады æмæ Тотойты Михал. Мæ уацы æз æркæсдзынæн райхалинаг фарстæн æрмæст йæ этнокультурон здæхтмæ. Ацы аспектæн ис стыр ахадындзинад.

Сæдæ азæй фылдæр, кæм æнгомæй, кæм та хибарæй, цæрынц ирæттæ æндæр адæмты ’хсæн. Кæд сын фидар бастдзинæдтæ нæй Ирыстоны сæ тугхæстæг æфсымæртимæ, уæддæр тынг ныфсджынæй æмæ æнувыдæй хæцынц сæ фыдæлты æгъдæуттыл. Турчы цæрæг ирæттæм сæ этнокультурон æууæлтæ иухуызон не сты. Ахæм уавæрты, уæлдайдæр фæстаг рæстæджы, ирддæр кæнынц химбарынады рæзты миниуджытæ.

Ацы æппæт хъуыддæгтæм Кавказы цæрæг уæрæх дзыллæтæ сæ хъус дарынц. Уыдæттæ æмæ ма ноджы гуманитарон культурæйы иумæйаг фарстатæ мæн дæр сцымыдис кодтой æмæ уымæн аздæхтон ме ’ргом ирон мухадзырты цардмæ. Ам зæгъын хъæуы, Чысыл Ази æмæ Хæстæг Хурыскæсæны цæрæг ирæтты ’хсæн ахуыргæндтæй иртасæн куыст кæй ничи кодта, уый. Мæнæн зындгонд у æрмæст чысыл фыстуац Турчы цæрæг ирæтты æвзаджы норвегиаг ориенталист Ф. Тордарсон (Thordarson Fridrik. Some notes on Anatolian ossetic//AO, XXXIII, p. 145–167). Уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй мыхуыргонд уыд Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæг институты Уацты XVII чиныджы.

Æз ацы уац куы фыстон, уæд пайда кодтон алыхуызон æрмæджытæй. Уыдонæн сæ фылдæр мыхуыргонд уыдысты махмæ Ирыстоны. Уыцы æрмæджытæм æмæ хабæрттæм зонадон цæстæнгасæй æркастæн æмæ скодтон мæхи хатдзæгтæ. Стыр ахъаз мын фесты Стамбулы цæрæг, Турчы ирæтты раздзæуæджытæй иу, Асеты Халис (Halis Asetey) æмæ Турчы кæсгон æхсæнад «Адыгэ хасэ»-йы сæрдар Айдемир Изеты (İzet Audemir) хабæрттæ мухадзырты тыххæй. Зæрдиаг арфæ сын зæгъын се ’ххуысы фæдыл.

Кавказаг лигъдæтты æндæрхуызон æрдзон, социалон æмæ культурон уавæрты цæрын кæй бахъуыд, уый сын бар-æнæбары аивта сæ этникон уагæвæрдты иуæй-иу æууæлтæ. Уыцы ивддзинæдты цыд фæтагъддæр кæнын фæрæвдз кодтой Турчы паддзахады уынаффæтæ. Цæгат Кавказæй ралидзгæ адæмты туркæгтæ хонынц черкестæ (çerkesleri). Æрцæрын сæ кодтой кæрæдзийæ хибарæй, раздæры арæнты. Ахастдзинæдтæ æмæ фыдыбæстæимæ бастдзинæдтæ дзæвгар фæзындæр сты. Ирон мухадзырты цæстытыл цы амондджын æмæ дзæнæтæнгæс дуне уадис, уый бæсты лигъдæтты фылдæр хай сæмбæлди тынг бирæ фыдæбæттимæ æмæ тухитимæ.

Уыцы вазыгджын уавæрты карз фæлварæн уыдис хи этникон культурæ бахъахъæныны сæрвæлтау. Раст ахæм этнополитикон æмæ этнокультурон фыдæвзарæнтæй райгуырдис ирон профессионалон литературæ. Фыццаг ирон поэт Мамсыраты Темырболаты (1845–1899) сфæлдыстад Ирыстоны рабæрæг ис æрмæстдæр 1920 азы, хицæн чиныгæй та джиппы уагъд æрцыд 1965 азы. Цы иуæндæс æмдзæвгæйы дзы ис, уыдонæй иу — «Авдæны зарæг» тынгдæр æмæ бæстондæр æвдисы йе ’мзæххонты зондахаст:

Æнахъомæй туркаг зæрдæ ма райсай,—
Дæ туджы ’ртах — кавказаг!
Махыл дæ зæрдæ ма худæд,—
Нал дын ыстæм ахъаззаг.

Турчы æхсæнадон, социалон-экономикон, политикон æмæ этнодемографион уавæрты поэты сидтæн æнæхъæнæй сæххæст кæнæн нæ уыд. Политикон цардарæзты цы ивддзинæдтæ æрцыдис Турчы æмæ Уæрæсейы, уыдон æргомæй домдтой мухадзыртæй бынæттон цардуавæртимæ æнгомдæр уæвын. Цасдæр рæстæджы фæстæ, уæлдайдæр та ирæтты дыккаг æмæ иннæ фæлтæртæм, лæмæгъдæр кæнын райдыдта сæ этнопсихологон æлвæстад райгуырæн къæс — Кавказмæ раздæхыны фæнд.

Ахæм уавæрты национ культурæ æмæ цардыуаг тынг фæцудыдтой. Куы æрхъуыды кæнæм, Турчы национ фарста куыд лыггонд æрцыд, ома бæстæйы цæрæг адæм иууылдæр туркæгтыл нымад сты, паддзахадон æвзаг дæр афтæ, уæд Чысыл Азийы цæрæг ирæтты хъысмæты бирæ цыдæртæ рабæрæг уыдзæн æмæ йæ бынаты сбаддзæн. Иу ныхасæй, мухадзырты культурæйы стыр ивддзинæдтæ æрцыдис, æмæ махæн нæ бон у дзурын æрмæстдæр йæ алыхуызон фæстиуджытыл. Афтæмæй, ам, Ирыстоны, арæх фехъусæн вæййы, ирæттæ Турчы сыгъдæгæй бахъахъæдтой нæ адæмон культурæ, зæгъгæ. Бынтон раст мæм нæ кæсы ацы ныхас. Нæ мыггаг ма сыскъуыйа, æндæр адæмы ’хсæн ма сæмхæццæ уæм, ууыл у сæ сæйраг сагъæс. Иуæй-иу ирон æгъдæуттæ ныр дæр баззадысты, æнусæй фылдæры размæ куыддæриддæр уыдысты, афтæ. Фæлæ бирæ не сты ирон адæм, уымæ гæсгæ арæх нал æмбæлынц кæрæдзиуыл. Афтæмæй æгъдауæн æмæ æвзагæн æнæфæцудгæ нæй.

Хъыгагæн, бæрæг-бæлвырдæй нæ зæгъдзынæн, æдæппæт цас сты ирон адæм Турчы. Зындгонд францаг ахуыргонд Дюмезиль Жорж 30-æм æмæ 50-æм азты бирæ хæттыты зонадон балцыты уыд Турчы, ахуыр дзы кодта кавказаг адæмты æвзаг æмæ культурæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æфсизæгтæ (черкестæ) уым цæры минтæ. Се ’хсæн ирæттæ зынгæ дæр нæ кæнынц. Æрмæст фæстагмæ ссардта цалдæр ирон хъæуы (Dumézil Georges, Cahiers pour un temps. Paris, 1981).

Цы æрмæгимæ базонгæ дæн, уым лæвæрд сты алыхуызон нымæцтæ. Тынгдæр æууæндæн кæуыл ис, уыцы æвдисæнтæм гæсгæ сæ нымæц хæццæ кæны 7–8 мины онг. Фарон фæззæджы Налцычы уыдис зонадон конференци мухадзырты тыххæй. Базонгæ дзы дæн Турчы кæсгон æхсæнады сæрдар Изет Айдемиримæ. Изет у ахуыргонд лæг, ныффыста æмæ джиппы рауагъта туркаг æвзагыл цалдæр чиныджы йе ’мзæххонты хъысмæты тыххæй. Стамбулы йæхи хардзæй 1964–1975 азты дардта мухадзырты æхсæнадон-публицистон сæрмагонд журнал. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ирæттæ сты фараст мины.

Фарон сæрды Дзæуджыхъæуы йæ хæстæджытæм уазæгуаты уыд туркаг æфсады раздæры булкъон Асеты Халис. Цалдæр хатты фембæлдыстæм, æмæ мын куыд радзырдта, афтæмæй æрмæст Стамбулы цæры фондз мины ирæттæ. Иугæр Турчы егъаудæр сахары кой ракодтон, уæд æххæст зæгъон, ирон адæм фылдæр кæй цæрынц горæтты. Ранымайдзынæн ма дзы Анкара, Измир, Иозгат, Тохъат, Суаз (Сиваш) æмæ иннæтæ.

Нудæсæм æнусы, куыддæр æрбалыгъдысты, афтæ къордгæйттæй æрцардысты Анатолийы хъæуты. Уыдонæй ма ныры онг баззад цалдæр, фæлæ сæ нымæц зынгæ къаддæр кæнын райдыдта. Абон дæр ма ирæттæ цæрынц хъæуты: Батмантас, ам цард æмæ, ныгæд у Мамсыраты Темырболат, Бозат, Бойалыхъ, Пойразлы, Хъайфапуал, Хъарабаджах, Хæмæмлы æмæ æндæрты. Ацы дæнцæгтыл дзургæйæ ма зæгъдзынæн уый, æмæ урбанизацийы рæзт æнгом баст у дыууæ культурон фæзындимæ. Фыццаджы — æппæтдунеон иумæйаг тырнындзинад хъæуы цæрджыты сахарон цардуагмæ. Дыккаджы та — уæды туркаг хъæуты царды фæстæзаддзинад.

Турчы ирæттæм уазæгуаты чи уыд, уыдон æмдзыхæй дзурынц сæ хъæууон царды зын уавæртыл. Уыцы ирон хъæутæй иуы ссæдз азы размæ, 1971 азы уыдис рауагъдад «Ир»-ы ныртæккæйы сæйраг редактор Мамсыраты Мурат. Уый фæстæ ныффыста йæ мысинæгтæ «Æцæгæлон бæстæ» æмæ хицæн чиныгæй рацыдысты Дзæуджыхъæуы 1986 æмæ 1989 азты. Æрхæсдзынæн иу æвдисæн, чиныджы дыккаг рауагъдæй. Мураты ныхæстæм гæсгæ: «Селми у, махмæ районы сæйраг хъæу куыд уаид, афтæ. Уый йæ нысанмæ гæсгæ. Æнæуый та бирæ къаддæр. Рагон ирон хъæу-иу цы уыдис, ахæм: дон хæссынц цæугæдонæй, нуазгæ дæр, æхсгæ дæр уымæй кæнынц. Электрон рухс дзы сыгъдис изæры авд сахатæй иуæндæсмæ. Чидæр æрбаласта, дизелæй чи кусы, ахæм динамомашинæ æмæ йæ суткæмæ цыппар сахаты йеддæмæ нæ кусын кæны. Æвæццæгæн, уыцы рæстæгæн дæр хъæубæстæй цы æхца исы, уый йын фаг у» (ф. 57).

Фылдæр æмæ нæм æххæстдæр æвдисæнтæ ис гыццыл хъæу Пойразлыйы тыххæй. Ам цæрынц æрмæст ирæттæ. Æвæрд у Анкарайæ 250 километры æддæдæр. Фыдæлтыккон æгъдаумæ гæсгæ дзы алы мыггаг дæр цæры хицæн сыхæй. Йæ хæстæджытæм дзы 1988 азы уыд Моститы-Хъаныхъуаты Ленæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъæуы цæры 142 ирон хæдзары. Уыдонæн культурон-административон уагдæттæй Пойразлыйы æрмæстдæр уыдис мæзджыт, райдиан скъола, дыууæ дуканигонды æмæ цайцымæндон.

Хъæуы цæрынц 18 ирон мыггаджы. Ацы мыггæгтæй махмæ Ирыстоны иуæй-иутæ сты тынг стæм, кæнæ бынтон æбæрæг. Мостионы хабæрттæм гæсгæ, хъæуы аст хæдзарæй цæрынц Хъоцхаратæ, иу уыйбæрц сты Кенатæ, стæй ма Дзыхъотæ, Дзансохтæ, Гадотæ, Марсентæ æмæ иннæтæ. Махмæ чи нал æмбæлы, ахæм мыггæгтæ цæрынц Турчы æндæр хъæуты æмæ сахарты. Афтæ уымæн уыдаид, æмæ ацы мыггæгтæ æдæппæтæй ралыгъдаиккой сæ рæстæджы. Нал хъуысынц сæ нæмттæ не ’хсæн æмæ сыл уый адыл дис кæнæм.

Туркаг интеллигеицийы ирон минæвæрттæй иутæ, зæгъæм, Бады Елхъан, куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй уым цæры сæдæ ирон мыггагæй фылдæр. Цы æрмæджытæй пайда кодтон, уыдонмæ гæсгæ скодтон уыцы мыггæгты иумæйаг хыгъд. Кæд искæй мыггаг ферох кодтон кæнæ раст нæ ныффыстон, уæд мын уыдон ацы аипп ныххатыр кæнæнт.

• Агуыдз(ар)тæ, Абысалтæ, Ацæтæ, Асетæ, Æлбег(а)тæ, Æмбалтæ, Æрчъегкатæ.
• Баллатæ, Бабукъатæ, Баситæ, Баскатæ, Батиатæ, Бадтæ, Балиотæ, Бæройтæ, Белеккатæ, Берозтæ, Биазыртæ, Бимбасатæ, Бзартæ, Болиатæ, Борæтæ, Бедойтæ.
• Гадотæ, Гæбæратæ, Гагуылатæ, Гамазтæ, Газаццатæ, Гасойтæ, Гæгуыйатæ, Гæгуыцатæ, Гуккатæ.
• Догæтæ.
• Дзанæгатæ, Дзансохтæ, Дзапартæ, Дзарас(а)тæ, Дзгойтæ, Дзустæ, Дзуццатæ, Дзыхъотæ.
• Есенатæ. Заккутæ, Закъетæ, Зехъетæ, Золойтæ.
• Итазатæ.
• Кадитæ, Карсан(а)тæ, Кенатæ, Кодзыртæ, Кокайтæ, Кокойтæ, Кодзатæ, Куындыхатæ, Кезиатæ.
• Къаболатæ, Къæнгуыратæ.
• Леуантæ, Лиан(а)тæ.
• Макъаратæ, Мамсыратæ, Марсентæ, Милдзыхтæ, Мырзатæ, Мрыкатæ, Мусалатæ.
• Нæкуысатæ, Ногатæ.
• Пухатæ.
• Рубайтæ.
• Салитæ, Самбегтæ, Сасиатæ, Сæбæтхъуатæ, Сæлбитæ, Слонатæ, Сихъотæ.
• Таухъазахтæ, Тайсаутæ, Таутиатæ, Тези(а)тæ, Тугъантæ, Тухастатæ.
• Фидаратæ.
• Хекъелатæ, Хоситæ, Хосонтæ.
• Хъабантæ, Хъантемуртæ, Хъæрæбугъатæ, Хъæммæрзатæ, Хъодзатæ, Хъоцхаратæ, Хъуыбадтæ, Хъуысатæ.
• Цæлыккатæ, Цомартатæ, Цоритæ, Цæрикъатæ.
• Цъæхилтæ.
• Чеджемтæ.

Нæ фыдæлтæ хуыздæр цард агурæг Туркмæ куы лыгъдысты, уæд Турчы арæнтæ дзæвгар æндæрхуызон уыдысты. Хундæджеры (султаны) дæлбар уыдысты араббы зæххытæ. Уымæ гæсгæ мухадзырты иу хай æрцæрын кодтой Самы (Сирийы) зæххытыл. Ныртæккæ сæ нымæц у фыццагонæй бирæ къаддæр æмæ хæццæ кæны иу мины бæрцмæ. Ацы бæрæггæнæнтæ фехъусын, кодта Самы цæрæг ирон лæг Æлбегты Азæмæт (Исмет Мерза Бекай). Абон уым цæры ссæдз, ирон мыггаджы:

• Абысалтæ.
• Батыртæ.
• Беронтæ.
• Газетæ, Галиотæ.
• Кодзыртæ, Куындыхатæ.
• Махъотæ.
• Таухъазахтæ, Темырхъантæ, Тимортæ.
• Хъаныхъуатæ, Хъæбæлотæ, Хъуыбадтæ.
• Цомартатæ, Цоритæ. Цæрикъатæ.

Ам ма бафтауын хъæуы иу хъуыддаг. Самы мухадзыртæ стыр къордæй цардысты, Голаны рæгъты цы хъæутæ уыдис, уым æмæ сахар Ел-Кунейтрæйы. Израилы 1967 азы балæбурды фæстæ ацы зæххытæ лæгдыхæй байстой дзуттæгтæ. Сæ цæрджытæ, ирæттæ. дæр семæ, алыгъдысты Америчы Иугонд Штаттæм. Сæ фылдæр хай æрбынат кодтой Нью-Джерсийы штаты. Уым, се ’хсæн куыста америкаг этнолог Пóла Гарб. йæ ныхæстæм гæсгæ, цæрынц Пасейкы зылды, кæрæдзиуыл хæцгæ, иу æхсæнадæй. Сæ нымæц у æртæ мины онг, сæ фылдæр сты кæсæг æмæ абхазтæ. Кæд сæ фылдæр Сам æмæ Иорданийæ ралыгъдысты æмæ сæ фæсивæд хи æвзæгтæй араббаг хуыздæр зонынц, уæддæр сæхи уым хонынц «цæгаткавказæгтæ». Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ Калифорнийы штаты сахар Анахеиммы кæй ис æндæр кавказаг æхсæнад «Kavkaz Cultural Center of California». Фæлæ сæм исты бастдзинад ис æви нæй, уый бæлвырдæй нæ зонын.

Турчы ирæттæ сæхи мидæг архайыщ сæ æцæг мыггæгтæй, ома иронау куыд хъуысынц, афтæ дзургæйæ. Ныртæккæйы адæм сты фыццаг æрлидзджыты цыппæрæм фæлтæр. Фæлæ уæддæр уыдон хорз зонынц канд сæ ирон мыггæгтæ нæ, фæлæ ма се стыр фыдæлтæ Ирыстоны кæм цардысты, уыдæттæ. Ацы хабарæн æвдисæн сты, мухадзырты фæдонтимæ чи фембæлд æмæ ныхас кодта, уыдон иууылдæр. Æрмæст бафиппайын хъæуы уыциу рæстæг официалон гæхæттыты пайдагонд кæй цæуы туркаг мыггæгтæй. Зæгъæм, Кодзыртæ туркагау фыст æрцыдысты Октар (Oktar), Золойтæ — Айдогъан (Aydogan), Кезитæ — Гезай (Gezay), Дзансохтæ — Кылыдж (Kılıc), Pyбайтæ — Езбай (Özbay), Цъæхилтæ — Алпай (Alpay) æмæ афтæ дарддæр.

Иуæй-иу мыггæгтæ фыст æрцыдысты æртæ хуызы. Дзырдæн зæгъæм, Хосонтæ сæхи фыссынц: иутæ — Албай (Albay), иннæтæ—Егюн (Ögün), æртыккæгтæ — Хошкан (Hoşkan).

Æнæмæнг, ацы уац кæсджытæн цымыдис уыдзæн уыдонæн сæ царды тыххæй исты базонын. Цыдæр цыбыр æвдисæнтæ зындгонд сты. Бирæ æмæ алыхуызон сты, уый мæ бон зæгъын нæу. Иу хатт ма йæ зæгъын, Турчы цæрæг ирæтты цардыуаг зонадон æгъдауæй никуы ничи иртæста. Чындзæхсæвы хабæрттæ радзырдта Мостион. Измиры сахары Хъуысатæ æмæ Тугъантæ куыд бахæстæг кодтой, уый йæхи дыууæ цæстæй федта, суанг ма дзы кафгæ дæр акодта. Йæ мысинæгтæ уыдысты «Рæстдзинад»-ы (13.05.1988 аз). Уæдæ Мурат йæ чиныджы кæны ирон бинонты царды æвдисæнтæ. Сарыхъамысы сахары йæхæдæг кæй федта, ахæм марды æгъдæутты тыххæй дæр фыссы.

Цы æрмæджытимæ базонгæ дæн, уыдон æмдзырдæй бар дæттынц хатдзæгтæ скæнын ирон æгъдæутты тыххæй. Сæ уагæвæрд цыдæр ивддзинæдтæ баййæфта. Æрхæсдзынæн иу дæнцæг. Уазæджы раз фынг æрæвæрыны рæсугъд фæтк махмæ зындгонд у незамантæй ныры онг. Бирæ цыдæртæ нал зонæм, фæлæ æртæ чъирийы скувын алы ирон хæдзарæн стыр кадджын хъуыддагыл нымад у.

Æндæр хуызы æмбæлы ацы фæтк ирон мухадзырты фæдонтæм. Бинонты æгъдæутты минас баззад, фæлæ йæ фыццагон кады нысаниуæг дзæвгар фæлæмæгъдæр. Æрæджы журналист Дауыраты Дамир уазæгуаты уыд Самы (Сирийы). Ирон хæдзармæ хуынд уыдис æмæ уый фæдыл «Рæстдзинад»ы фыста: «…мæнæн цымыдисагдæр уыд, фынджы уæлхъус ирон æгъдæуттæ кæнынц, æви нæ кæнынц, уый, мæхи сыгъдæг иронау кувынмæ сцæттæ кодтон, сидтытæ мæ мидхъуыдыты цал æмæ цал хатты ранымадтон. Фыдæнхъæл фæдæн. Тымбыл фæйнæгыл Азæмæты æфсымæры чызг Иас йæ даргъ рæсугъд къухты чъиритæ куы рацæйхаста, уæд загътон: „Ныртæккæ сæ Азæмæт кувгæ кæндзæн, оммен хуыцау ын зæгъын хъæудзæн“. Фæлæ сæ фынгыл куы æрæвæрдта æмæ рагацау кардæй лыг куы разындысты, уæд мын хуымæтæджы зын уыдис, мæхинымæр бакатай кодтон: „Цы бакуыстат, скувын уал сæ хъуыдис…“» (20.03.1991).

Ахæм ивддзинæдтæ баййæфтой кусарты кадджын хæйттæ дæр. Ома, сæр æмæ бæрзæйы ахадындзинад дæллоз æрхаудис мах æгъдæуттимæ абаргæйæ. Уыдон дæр фынгыл æрæвæрынц хуымæтæджы хæринагау. Æнæмæнг, æнусæй фылдæр Ирыстоны зæххæй æмæ адæмæй иппæрдæй кæй фæцардысты, уый сыл фæзынд. Уыциу рæстæг пысылмон дин æмæ йæ уагдæттæ æргомæй дæлбар кодтой мухадзырты цардыуаг æмæ сæ кавказаг æгъдæуттæ.

Ам бахахх кæндзынæн иу хъуыддаг. Цымыдисаг уый у, æмæ пысылмон дины фæзындтæн уыд дыууæ хуызы ахадындзинад. Уый зæгъынмæ хъавын æмæ ирон æгъдæуттыл пысылмон тæваг дыууæрдæм фæзынд. Æз æй куыд æмбарын, афтæмæй иуæй-иу ирон æгъдæуттæ сæфгæ, кæнæ ивгæ фæкодтой, иннæтæ та фидардæр фесты. Мах нæ æрвылбон царды куыд зонæм æмæ уынæм, афтæмæй ирон фынгыл рагæй-æрæгмæ зынгæ бынат ахстой карз нозтытæ. Мæхæмæт-пехуымпары фæдонтæн та сæ дин æрмæст сæ кой дæр стыр тæригъæдыл нымайы. Ома, фалæ ирæттæ нозты хабар зонынц, фæлæ йæм æмхиц не сты, мах ыл куыд баст æмæ æнувыд стæм, афтæ.

Иннæмæй та зæгъын хъæуы, æхсæнады мидæг хидарыны æгъдау уыцы ирæттæ бахъахъхъæдтой иттæг хорз, раст фыдæлтау. Мах ма бирæ цыдæртæ хъæуы уыдонмæ, æвзæр нæ уаид, ацы хъуыддаджы сæ куы бафæзмиккам, уæд. Уæлдай ирдæй сæ ирондзинад разыны хистæр æмæ кæстæры, нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы æхсæн ахастдзинæдты æмæ ирон æфсармы æндæр æууæлты. Æрмæст ам æнæмæнг фæзынди туркаг этикеты æндæвд. Мамсыраты Мурат йæ чиныджы уый тыххæй фыссы: «…кæстæрæн салам зæгъгæйæ йæм дæ къух куы радтай, уæд ын апъа кæны, стæй ма йæ йæ ныхыл авæры, ома дын сæрæй акувы. Æнæуый та, мах ирон адæммæ цыдæриддæр æгъдау ис, уыдон кæнынц. Нозтимæ дзы баст чи у, уыдонæй фæстæмæ» (ф. 41).

Фæстаг 20–30 азы ирон мухадзырты фæдонтæм гуырын райдыдта зæрдиаг цымыдисдзинад сæ истори æмæ сæ культурæмæ. Ацы стыр æмæ ахадгæ хъуыддаджы тынг ахъаз бакодтой туркаг интеллигенцийы ирон минæвæрттæ. Бирæ не сты, фæлæ сæ архайд у хъомысджын. Сæ фылдæр хай сты æфсæддон, сæудæджеры æмæ дины интеллигенци. Уыдоны æхсæн кæддæриддæр уыд æмæ ис, бæрзонд паддзахадон бынæттæ чи ахста, ахæм йдæймæгтæ. Куындыхаты Муссæйы фырт Бечыр (Bekirbey Sami) Ататюрк Кемалы хицауады уыдис фæсарæйнаг хъуыддæгты министр. Хъантемурты инæлар уыд Турчы генштабы (Genel Kurmay) уæнг. Хосонты Муссæ (Ögün) 60-æм азты уыдис Турчы æфсæддон минæвар Советон Цæдисы. Уæдæ Самы ирæттæй дæр ис ахæм кадджын лæгтæ. Хъуыбадты Сулейман у æфсады раздæры булкъон, куыста мидхъуыддæгты министры хæдивæгæн.

Зонындзинæдтæм ирæтты стыр тырнындзинадæн æвдисæн у Стамбулы цæрæг Сæбæтхъуаты Рамазаны (Aslan) радзырд. Уый райгуырд гыццыл ирон хъæу Къæдзæхысуадоны, сахар Иозгаты цур. Уым цардис 60 ирон хæдзарæй фылдæр. Хъæуы цæрджытæй рацыдысты дыууæ инженеры, иу афицер, æртæ экономисты, астæуккаг æмæ райдиан скъолайы фондз ахуыргæнæджы. Рамазан йæхæдæг каст фæци Измиры университеты биологион факультет. Фæстæдæр йæ ахуыр адарддæр кодта сахар Эйслинген Филсы, Германы. Ацы æрыгон адæймаг æмбырд кæны ирон адæмон сфæлдыстад, йæ мадæлон æвзагыл фыссы æмдзæвгæтæ.

Иронау аивадон уацмыстæ фыссын фæлварынц цалдæрæй. Фæстаг рæстæг мах базонгæ стæм канд сæ нæмттимæ нæ, фæлæ суанг се сфæлдыстадимæ. Ацы хорз хъуыддаг нæ къухы бафтыд поэт Цæрукъаты Владимиры фæрцы. Туристон балцы уæвгæйæ, базонгæ ис хæдахуыр фысджытимæ. Разындысты æнæхъæн къорд. Сæ уацмыстæй цыдæртæ мыхуыры рацыдысты махмæ Ирыстоны. Газет «Рæстдзинад» нæ 1987 азы 13 июны æйæ 1988 азы 11 майы базонгæ кодта газеткæсджыты хæдахуыр ирон фысджыты къамтимæ æмæ сæ уацмыстимæ. Ныр хорз зонæм Цъæхилты Ехйа, Мамсыраты Музафар, Бады Муамар, Æлбегты Исам, Пухаты Хайрулла, Сæбæтхъуаты Рамазан æмæ Хоситы Бурханы сфæлдыстад.

Фæстаг азты мадæлон культурæмæ цымыдис кæнын куы райдыдтой, уæдæй фæстæмæ мухадзырты фæдонтæм равзæрд ирон фыссынад сахуыр кæнынмæ тырнындзинад. Махмæ диссаг фæкæсдзæн ацы хъуыддаг. Ома цы йæ хъæуы ахуыр кæнын. Скъолайы мадæлон æвзаджы уроктæ цух ма кæн, ахуыргæнæджы амонæнтæм дзæбæх хъус æмæ йæ домæнтæ æнæзивæгæй æххæст кæн. Бæргæ, афтæ хорз уаид, фæлæ ахæм гæнæнтæ нæй. Нæдæр Турчы, нæдæр Самы, нæдæр Иорданийы, нæдæр Мысыры (Египеты) æмæ иннæ скæсæйнаг паддзахæдты цæрджытæ мадæлон æвзагæн ахуыр кæнынц туркаг кæнæ араббаг. Æрмæст Иорданийы ис иу райдиан скъола, кæсгон æвзаг кæм ахуыр кæнынц, ахæм. Скъола байгом кодтой Амманы æмæ хæссы паддзахы фырт принц Хамзайы ном.

Кæсæг уыцы ран тынг бирæйæ цæрынц, милуанмæ æввахс. Сæ бон баци зыбыты иу скъола байгом кæнын. Уæдæ ирæттæ та цы æмæ куыд архайынц? Ацы фарсты фæдыл æрхæсдзынæн дыууæ хабары. Самы сæйраг сахар Дамаскы цалдæр азы размæ куыста адæмон скъола. Йæхи хъæппæрисæй йæ байгом кодта Æлбегты Азæмæт. Алы майрæмбоны, къуырийы улæфæн бон Дамаскы цæрæг ирæттæ ахуыр кодтой мадæлон æвзаг æмæ нырыккон ирон фыссынад. Сæ зæрдæйы уаг кæмæн уыдис, ахæм алы кары адæймæгтæй ам ахуыр кодта æртыны бæрц. Цас диссаг фæкæсдзæн ацы дæнцæг иуæй-иутæм, фæлæ мæнæн ирдæй æвдисы ирон интеллигенцийы архайд стыр æмæ вазыгджын хъуыддаджы.

Стамбулы туркаг æвзагыл цæуы кавказаг альманах «Yamçı» (Нымæт). Мухадзырты интеллигенцийы иннæ мпнæвар Хъаныхъуаты Ремзи (Yildırım) дзы 1977 азы иу номыры ныммыхуыр кодта, ныртæккæ мах цы абетæ ахуыр кæнæм, уыцы дамгъæтæ (asetin alfabesi) хицæн цæвиттонтимæ дыууæ æвзагыл — туркагау æмæ иронау. Турчы ирæтты ныхæстæм гæсгæ, ацы æрмæг бирæты фæхæстæгдæр кодта, махмæ Ирыстоны цы литературæ уагъд цæуы, уымæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, æмбаргæ адæймæгты бинонты ирон æвзаг зонынц суанг сабитæ. Ремзи йæхæдæг у кæсгон хæрæфырт, фæлæ иронау афтæ хорз зоны, æмæ суанг уацтæ дæр фыссы. Йæ бинойнаг Слонаты Сахирзаимæ хъомыл кæнынц дыууæ гыццыл чызджы Вилдан æмæ Пынары. Уыдон дæр иронау зонынц. Уæдæ бынтон диссаг уый у, æмæ Æлбегты Азæмæты бинойнаг Омаймæ у араббаг, афтæмæй та иронау тынг сыгъдæг дзуры. Йе ’фсин æй сахуыр кодта. Махмæ та ахæм дæнцæгтæ тынг арæх нæ фехъусдзынæ, стæм хатт йеддæмæ.

Ацы ран бафиппайын хъæуы: бинонтæн æмæ æмзæххонты æхсæнæдтæн ис стыр ахадындзинад национ химбарынад бахъахъхъæнын æмæ сног кæныны хъуыддаджы. Уый та кæстæр фæлтæртæм равзæрын кæны цымыдис сæ историон уидæгтæм. Уæдæ ам æнæ зæгъгæ нæй мухадзырты культурон-рухсадон клубты архайды тыххæй. Цæвиттон, 1910–1912 азты Стамбулы сæвзæрд «Мухадзырты къамис» (Muhacir Komisyon), зæгъгæ, ахæм æхсæнад. Йæхицæн хæс æвæрдта рухс тауын, абетæ æмæ ахуыргæнæн чингуытæ аразын, фольклор æмæ этнологи сахуыр кæнын. Фæлæ, хъыгагæн, бирæ нæ ахаста, фыццаг дунеон хæст райдыдта æмæ ацы ахсджиаг куыст æрдæгыл фæсыкк. Иннæмæй та 1923 азы Ататюрк Кемалы бардзырдмæ гæсгæ ахæм национ æхсæнæдтæн архайыны бар нал уыд æмæ уагъд æрцыдысты.

Дæргъвæтин рæстæг мухадзырты æхсæнæдты куыст бамынæг. Дыккаг фæлтæрæй 1961 азы Анкарайы сырæзт, кавказаг адæмты чи баиу кодта, ахæм «Цæгат Кавказы культурон æхсæнад» (Kuzey Kafkasya Kültür derneği). Уый дæр йæ сæйраг хæсыл нымадта мухадзырты культурæ бахъахъæнын. Æхсæнады уæнгты хъæппæрисæй арæзт æрцыд адæмон æрмдæсныйады равдыст. Уым æвдыстой Анатолийы хицæн районы цæрæг æфсизæгты (черкесты) конд дзаумæттæ: бинаг нымæттæ, гауызтæ, ерджентæ, хæцæнгæрзтæ, зæрингуырдты аивад æмæ æндæр ахæм нывæфтыд хæдзарон мигæнæнтæ. Равдыст стыр цымыдис равзæрын кодта Турчы культурæйы архайджытæм.

Æхсæнад ма бацæттæ кодта æмæ туркаг æвзагыл Анкарайы 1977 азы рауагъта чиныг-альбом «Çerkez motifleri». Альбом конд у цыбыр разныхас æмæ дыууæ хайæ. Разныхасы ис æфсизæгты (черкесты) тыххæй цыбыр зонæнтæ. Йæ сæйраг хъуыды у ахæм: кæд кавказæгтæ хицæн æвзæгтыл дзурынц, уæддæр сын ис иумæйаг цардыуаг æмæ культурæ. Фыццаг хайы мыхуыр сты цардыуаджы дзаумæттыл конд нывæфтыдты æвдисæнтæ. Дыккаг хайы чиныгаразджытæ æвдисынц, нырыккон царды утилитарон æгъдауæй куыд пайда чындæуы ацы нывæфтыдтæй, уый.

Чиныг-альбом дæр йæ хæсæн æвæрдта мухадзырты адæмон аивады уæлтæмæн уæрæх дзыллæты ’хсæн пропагандæ кæнын. Уымæй ма йын уыдис хæрзаудыны нысан дæр. Чиныгаразджытæ куыд фыстой, афтæмæй чиныджы аргъы æфтиæгтæ хардз æрцыдаиккой æфсизæгты ахуырдзау чызджытæн æмдзæрæны хыгъдмæ. Æхсæнадмæ уыдис фæнд ацы альбомыл ноджы арфдæр æмæ бындурондæр куыст бакæнын. Фæлæ сын сфæлдыстадон тыхтæ æмæ æхцайы мадзæлттæ кæй не сфаг, уый тыххæй сæ фæндтæ кæронмæ ахæццæ кæнын сæ къухы нæ бафтыд.

Æхсæнад ма рауагъта фондз хуызджын открыткæйæ конд æмбырдгонд. Уыдонæй æртæ комкоммæ бар дарынц Ирыстонмæ. Æвдисынц нæхи нывгæнджытæ Тугъанты Махарбеджы «Ардхæрæн тæрхон»-ы, Калманты Батыры «Къоста хохæгты ’хсæн» æмæ Зарон Павелы «Адæмон зарæг», зæгъгæ, уыны аивадон нывты репродукцитæ.

Уыциу рæстæг Стамбулы джиппы уагътой «Цæгат Кавказы культурæйы журнал (Kuzey Kafkasya Kültür dergisi). Йæ райдианы, ома 1964–1975 азты, журнал йæхи хардзæй дардта кæсгон лæг Айдемир Изет. Ныртæккæ та ацы фæрнджын хъуыддаг йæхимæ райста Саваш Расих (Rasih Savas). Æрæджы мæм нæ университеты ахуыргæнæг Дзагуырты Галинæ равдыста 1988 азы номыр. Полиграфион æгъдæуттæм гæсгæ тынг рæсугъд æмæ аив уагъд у, бирæ дзы ис къамтæ, нывтæ, алыхуызон æрмæджытæ æмæ хъусынгæнинæгтæ. Ис дзы цалдæр уацы ирон адæмы тыххæй.

Зæгъæм, мыхуыргонд у Абайты Васойы фыст уац нарты кадджытыл — «Asetin Halk Destanlarinda Nartlar». Тугъанты Айдемир (Tuğanoğlu) ныммыхуыр ходта ирон æмбисæндтæ — «Asetin Atasözleri ve Deyimleri». Куындыхаты Муссæйы тыххæй стыр фыст уац рауагъта Кутлу Джемал — «Cerkes Musae Kunduhov-pasa (1818—1889). Ацы номыры ма ис бакæсæн цыдæр хабæрттæ чингуыты тыххæй. Стамбулы 1987 азы рауагътой Куындыхаты Айтеджы (Kundukh) чиныг «Кавказаг мюридизм. Газаваты истори» (Kafkasya müridizmi. Gazavat Tarihi). Журналы йыл ис рецензи. Чи зоны, ацы хабар ууыл дзурæг у, æмæ не ’мзæххонтæй Турчы ис профессионалон историктæ.

Цыбыр хъусынгæнинаг зонын кæны, цавæр чингуытæ рауагъта «Цæгат Кавказы культурон æхсæнад», уый. Чингуыты хыгъды ис Хетæгкаты Къостайы «Хъуыбады», туркаг æвзагмæ тæлмацæй (Hetegati Kosta. Kubadi, cevizi Mehmet Güneş). Мамсыраты Мураты чиныджы фыст ис ацы хабары тыххæй: «Стамбулы цæры Гюнеш Мехмет (Ацæты Мæхæмæт). Уый ратæлмац кодта æмæ туркаг газеты ныммыхуыр кодта Къостайы „Хъуыбады“ æмæ „Марды уæлхъус“. Тынг æппæлыдысты, хорз тæлмацтæ, дам, сты» (ф. 44).

Æхсæнад сбæрæг кодта, Цæгат Кавказæй адæм Туркмæ лидзын куы райдыдтой, ууыл 125 азы сæххæсты бон. Анкарайы 1989 азы кæфты мæйы 21–27 бонты сарæзтой мухадзырты культурæйы къуыри. Уыцы бонты Анкарайы куыста зонадон конференци кавказаг лигъдæтты тыххæй. Æндæр паддзахæдты минæвæрттæ дæр дзы архайдтой. Цыбырæй йæ хабæрттæ ракодта газет «Кабардино-Балкарская правда» (11.11.1989).

Тынг диссаг у ацы мухадзырты культурæйы къуырийы аивадон нысан-ныв. Плакатыл сныв кодтой Эльбрусы хох, йæ æндæрг цæргæсы хуызæн дæр у, афтæмæй. Фæсхох хур ракасти, йæ разæй та — денджызы уылæнтæ. Нывгæнæг хъавыди мухадзырты зæрдæты сагъæс аивадон-символикон хуызы равдисын. Кæд Турчы цæрæм æмæ не ’хсæн денджыз ис, уæддæр нæ зæрдæтæ сты дард Кавказы æмæ нæм хур уырдыгæй кæсы. Афтæ мын бамбарын кодтой ацы нывы мидис мухадзырты фæдонтæ.

Уæлдæр цы æхсæнады кой ракодтон, уымæн йæ разамонджытæй иу уыдис Хъаныхъуаты Ремзи. Æрыгон курдиатджын æмæ дзырддзæугæ адæймаг ацы æхсæнадон куысты равдыста стыр фæлтæрддзинад. Уымæ гæсгæ, 80-æм азты «Цæгат Кавказы культурон æхсæнад» куы райхæлд æмæ йæ куыст куы нал рæстмæ кодта, уæд ног æхсæнад аразджытæй иу уый разынд. Ныхас цæуы, 1989 азы Стамбулы чи сæвзæрд, уыцы культурæ æмæ æххуысы фонд «Алан»-ыл (Alan, Kültür ve Yardım Vakıfı). «Рæстдзинад»-ы куыд фыстой, афтæмæй йын сæрдарæй равзæрстой Асеты Халисы, нымæрдарæй та дзы Ремзи йæхæдæг у (05.08.1989).

Алы аз уадзынц хъусынгæнинаг сыф туркаг æвзагыл. Дыккаг бюллетены фыст куыд у, уымæ гæсгæ фарон 1990 азы тъæнджы мæйы 21 бон 350 æмбырд лæгæй равзæрстой ног разамынд. Нысангонд æрцыдысты сæ дарддæры куысты уагæвæрдтæ, стæй сæрмагонд лæгтæн бабар кодтой фидæны куысты хицæн къабæзтæ. Фонды сæрдарæй равзæрстой æфсады булкъон Хосонты Мураты (Ögün), нымæрдарæй ногæй сси Ремзи.

Разамындмæ ма равзæрстой фондз æмæ практикон архайды къордмæ аст лæджы. Сæ нæмттæ æмæ мыггæгтæ дæр дзы сты фыст, фæлæ, уæлдæр куыд амыдтон, афтæмæй туркагау æмæ иронау мыггæгтæ тынг хицæн кæнынц кæрæдзийæ. Цыбыр дзырдæй, чи кæмæй у, уый ныртæккæ мæ бон зæгъын нæу.

Ирон æхсæнадæн йæхи агъуыст кæй нæма ис, уымæй «Алан»-ы куыст къуылымпытæ кæны. Ныр уал æмбырд кæнынц Стамбулы районы Шишлийы, æххуырст хæдзары. Сæхицæн уал ахсджиаг хъуыддагыл нымайынд бындурон бынат ссарын æмæ фонды бюллетень уадзын. Уæдæ дзы социалон æмæ культурон-рухстауæн архайд дæр тынг уæрæх у. Амал кæнынц фæрæзтæ, цæмæй байгом кæной ирон æмдзæрæн, адæмон сфæлдыстад æмбырд æмæ сахуыр кæнын, сæ адæмы истори æмæ аивад хуыздæр базонын, сылгоймæгты æхсæн куыст фæнывыл кæнын, иронау рухсад рапарахат кæнын, стæй бирæ æндæр хъæугæ хъуыддæгтæ.

Сæ архайды мидис нын радзырдта Таутиаты Минтæ. Йæ хæстæджыты бабæрæг кодта 1989 азы æмæ бахауд Стамбулы иу ахæм æмбырдмæ йæ мысинæгты, газет «Рæстдзинад»-ы фыста:

«Бирæ, тынг бирæ уыдысты, иумæ чи æрæмбырд, уыцы сылгоймæгтæ — ирæттæ æмæ туркаг ирон чындзытæ. Сæхи уыцы уæздан æмæ фæлмæнæй дардтой Бзарты Даухан æмæ Рубайты Хæдиа, сæ иуыл цыд 92, иннæуыл та 90 азы. Сæ алыварс цæлхæмбырдæй рабадтысты сæ кæстæртæ — Хъуысаты Уакидæт, Кодзырты Несринæ, Цъæхилты Рисалæт, Таутиаты Эминæ, Хъабанты Айсел, Бзарты Неритан æмæ Салма, Бедойты Алимæт æмæ… Чи сæ фæуыдзæн нымад? Нæхимæ, Ирыстоны никуы федтон ахæм рæсугъд æмæ хиуылхæцгæ æгъдау. Цæвиттон, зонгæ æмæ хæстæг сылгоймæгтæ æрæмбырд вæййынц куы иу, куы та — иннæ хæдзары.

Бадынц, худынц, хъусынц фæндыры цагъдмæ. Хиуылхæцгæйæ æвналынц фынгтæм, кæнынц таурæгътæ æмæ аргъæуттæ. Иуы къух дæр дзы афтид нæу: чи стъолæмбæрзæнтæ рæхсы, чи къаба, чи та кофтæ хуыйы. Фынг — рог æмæ аив æвæрд, йæ уæлæ — адджинæгтæ, цай, хъауа. Хæдзары хицауæн балхæнынц сыгъзæринæй исты зæрдылдарæн дзаума. Афтæмæй сæ бадт ахæссы райсомæй фæсахсæвæртæм. Уыцы миниуæг сæ æнгом бæтты кæрæдзиуыл, сæхи æмæ сæ цоты зæрдæтæ сын дзаг кæны уарзондзинад, уæздандзинад æмæ фæлмæндзинадæй» (03.01.91).

Фонды зæрды ис бинонты, фæсивæды фембæлдтытæ аразын, ирæттæ кæм цæрынц, уыцы хъæутæ арæхдæр бæрæг кæнын, рынчынтæн æмæ мæгуыр бинонтæм хæрзаудынæй æмæ æхцайæ фæкæсын. Суанг ма байгом кодтой сæрмагонд чысыл къордтæ: ахуыр кæнынц уæлæдарæс хуыйын æмæ ирон кæфтытыл.

Турчы цæрæг ирæттæ хорз æмбарынц, нæ гыццыл адæмы тых иудзинады кæй ис, уый. Сæ хæсыл нымайынц кæрæдзийæн æххуыс кæнын. Ацы хъуыддаг суанг махмæ дæр хæццæ кæны. Зæгъæм, афæдзы райдианы Ирыстоны уыдысты Бады æфсымæртæ, Мурат æмæ Елхъан. Фæсхохаг ирæтты зындзинæдтæ куы базыдтой, уæд сæ бон цы уыди, уымæй фæххуыс кодтой: фондз мин сомы радтой лигъдæттæн æххуысы хыгъдмæ. Ахæмтæ сты нæ мухадзырты кæстæртæ, культурæ æмæ æххуысы фонд «Алан»-ы уæнгтæ (кæс «Рæстдзинад», 15.03.1991).

Куыд уынæм, афтæмæй «Алан»-ы фæндтæ сты тынг, алыхуызон. Гæнæн ис æмæ, Ирыстонимæ уæрæхæй-уæрæхдæр цы бастдзинæдтæ кæнынц, уыдон дæр хорз æххуыс фæуой. «Интурист»-ы Цæгат Ирыстоны хайад хъуыддаджы ныхас кодта туркаг туристон фирмæимæ «Akasia Tur», цæмæй не ’хсæн уа æнæвалютон туризм. Фарон, 1990 азы сусæны мæйы Ирыстонмæ Туркæй æрбацыд ирæтты къорд. Æдæппæт 24 адæймаджы федтой сæ фыдæлты зæхх, уыдысты Куырттаты комы, сæмбæлдысты æрвадæлтимæ. Зæрдиагæй сыл фæцин кодтой нæ адæм æмæ æрæджы арæзт æхсæнад «Фыдыбæстæ»-йы республикон хайады кусджытæ.

Ацы ран ма бафтаудзынæн иу æхсызгон хабар. Газет «Труд» куыд фыста, афтæмæй Налцыккæй Дамаскмæ райдыдта цæуын автобус. Зымæгон цæудзæн къуыри иу хатт, сæрдыгон та — дыууæ хатты. Фидæны скæндзысты, ацы рейс æрвылбон куыд цæуа, афтæ. Автобус уал Налцыккæй араст вæййы Майкъопмæ, уырдыгæй Сухуммæ, Батуммæ. Уырдыгæй арæны сæрты ахизы Туркмæ, стæй йæ дарддæры фæндаг акæны Дамаскмæ (20.12.1990). Кæй зæгъын æй хъæуы, дзæвгар фенцондæр уыдзæн Кавказæй Туркмæ æмæ Саммæ абалц кæнын, уырдыгæй та — Кавказмæ.

Этникон культурæйы теорийы иумæйаг иртасæнтæ æмæ ирон мухадзырты царды дæнцæгтæ бар дæттынц цалдæр хатдзæджы скæнынæн. Цардыуаджы фæзындтæ нысангонд цæуынц «æртыккаг фæлтæры закъонæй». Амырикаг ахуыргонд М. Хансен раиртæста эмигрантты царды иу цымыдисаг принцип: «Фыды фыд цы æгъдæуттæ æрбаласта, уыдон ферох кæнынмæ хъавыд йæ фырт, фæлæ сæ сног кæнынмæ тырны фырты фырт! Иу ныхасæй, мухадзырты æмæ сæ фæдонты этнокультурон ивгæ-рæзгæ цард фæд-фæдыл рацыдис кæрæдзиуыл баст æртæ къæпхæныл.

Фыццаг кавказæгтæ æрцардысты æндæр адæмты ’хсæн, æндæр политикон-барадон уавæрты. Уымæ гæсгæ, райдианы лигъдæттæ кæрæдзиуыл æнгом хæцыдысты. Ног фæлтæр райдыдта сæ цард фæхуыздæр кæныныл сагъæстæй. Цæмæй сæ экономикон æмæ культурон цардхъомдзинад фæнывыл уыдаид, уый тыххæй сæ хъуыди ног уавæртимæ сиу уæвын. Туркаг æмæ араббаг ассимиляци фæуæрæхдæр мухадзырты ’хсæн. Æртыккаг фæлтæр æнувыд у культурон регенерац этникон химбарынады рæзт æмæ адæмон æгъдæуттыл цымыдисдзинад сæндидзыныл.

Хронологимæ гæсгæ, ацы æртæ къæпхæны дихгонд цæуынц ахæм хуызы. Фыццаг — XIX æнусы дыккаг æрдæг, дыккаг — XX æнусы райдианæй 50-æм азты онг æмæ æртыккаг — 60-æм азтæй ныры онг. Цаутæ æмæ хабæрттæ дарддæр куыд рæздзысты, зæгъæм, XXI æнусы, уымæн æвдисæн уыдзæн рæстæг…