TOP

Æнаххосæй æфхæрд чи баййæфта, политикон ахстыты цы бирæ æнамонд адæм бахауд æмæ æнæазымæй кæй агæрах кодтой, уыдоны хъуыддæгтæ бæрæггæнæг ассоциаци «Номарæн»-ы сæрдар Зураты Барисы фырт Ауызбийыл сæххæст 90 азы. Кæд ыл азтæ бирæ цæуы, уæддæр æппæт хъарутæй дæр архайы, адæмы знæгтæ кæй схуыдтой, уыдоны рæстдзинад базонын æмæ сын сæ рухс нæмттæ ссыгъдæг кæныныл.

***

Автор: Бетрозты Майрæм

Ауызби йæхæдæг дæр бирæ фыдæвзарæнты бахауд. Æртæ азы йеддæмæ йыл нæ цыд, афтæ йæ фыд амарди. Мад бирæ æнахъом сывæллæттимæ баззад, фæлæ нæ фæцудыдта. Йæ сывæллæтты æнæнизæй схаста æмæ сæ адæмы рæнхъмæ ракодта.

Ауызби кæд æнæ фыдæй рæзти, уæддæр дзы æгъдауджын, рæстзæрдæ адæймаг рауади. Скъолайы ма ахуыр кодта, афтæ районы газетмæ фыста уацхъуыдтæ. Йæ куыстмæ уазал цæстæй чи каст хъæуы мидæг, уыдоны дæр-иу афхæрдта. Ахуыр кодта медицинон училищæйы.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд ыл цыдис 16 азы. Райгуырæн бæстæйыл æнувыд лæппу цалдæр хатты бацыди районы æфсæддон коммисариатмæ, хæстмæ мæ акæнут, зæгъгæ, фæлæ йæ азтæ нæ амыдтой æмæ та-иу æй рарвыстой.

Ауызби уæддæр бинонты сусæгæй алыгъди, сæ хъæуæй хæстмæ цы лæппуты къорд цыди, уыдонмæ. Ахуыртæм сæ арвыстой Азербайджанмæ, фæлæ рæствæндаг нæ фесты. Бахаудтой знаджы артиллерийы нæмгуыты бынмæ. Уæззау цæф фæци Ауызби дæр, афтæмæй йæ хъазахъхъаг æфсæддон эскадрилийы хæстонтæ ссардтой æмæ йæ дзæбæх кæнын райдыдтой. Йæ къахыл куы слæууыд, уæд æй йæ хæдзармæ арвыстой, цæмæй бынтон сдзæбæх уа.

Сæхимæ куы схæццæ, уæд базыдта — хъæу немыц бацахстой.

Зураты Ауызби — фæскомцæдисон, районы газет «Ленинец»-ы æнæштатон уацхæссæг, медицинон училищæйы студент… Тынг ыл бацин кодта сæ районы фыццаг секретарь Æлбегонты Дрис. Йæхимæ йæм фæсидт æмæ йын загъта, хъæды цы партизантæ ис, уыдонæн феххуыс кæнын хъæуы, зæгъгæ.

Уыцы хæс Ауызби сæххæст кодта, зæгъæн куыд нæй, афтæ хорз. Алы бон дæр партизантæм хаста хабæрттæ: знаджы тыхтæ кæмыты сты, цы архайынц, се штабы цал адæймаджы ис, хъахъхъæнджытæ кæмыты лæууынц æмæ æндæртæ.

Партизанты пулеметæйæхсæг ротæйы командир Махъоты Алихан Ауызбийы руаджы базыдта утæппæт хабæрттæ æмæ йе сгарджыты къордимæ иу æхсæв балæууыд скъолайы кæрты. Æнцонтæй æрбамардтой хъахъхъæнджыты, штабы бамидæг сты, немыцаг афицерты æд сусæг документтæ сæ разæй ракодтой.

Йе сгуыхтдзинады тыххæй Махъоты Алиханæн радтой майдан «За боевые заслуги».

Ауызбийы райгуырæн хъæу Дзæгъиппардзы немыц хицауæй сæвæрдтой, лæппу кæддæр газетмæ кæй тыххæй ныффыста, йæ куыст нывыл нæ кæны, зæгъгæ, уый. «Ирон хæсмæ тындзæй нæй» — зæгъы æмбисонд. Ацы лæг дæр йæ зæрдыл хорз бадардта Ауызбийы æфхæрæн уацхъуыд æмæ сфæнд кодта йæ хæс райсын. Фæдзырдта Ауызбимæ æмæ йын загъта:

— Колхозы быдыры æнæтындæй цы нартхоры хуымтæ баззад, уыдон хъахъхъæндзынæ.

Лæппуйæн æнæ сразы уæвгæ нæ уыд. Канд йæхи нæ, фæлæ ма йæ бинонтæн дæр тæссаг уыд фесафынæй. Æмæ бар-æнæбары сразы знæгты фарс кусыныл.

Иунæг къуыри йеддæмæ нæ бакуыста быдыргæсæй, 20 ноябрæй 26-æм ноябрьмæ. Уæдмæ Сырх Æфсад хъæу асыгъдæг кодта знæгтæй. Уæддæр Ауызби фыдæвзарæнты амæддаг бацис… Нартхор колхозонтыл байуæрстой, æмæ йæ кæй бахъахъхъæдта, уый тыххæй йын хъуамæ арфæ ракодтаиккой, фæлæ уæд æндæр æгъдæуттæ уыди царды. Схуыдтой йæ знæгтæн æххуысгæнæг æмæ йæ 1943 азы 19 мартъийы æрцахстой, дæс азы æмгъуыдмæ йын тæрхон рахастой æмæ йæ Нижный Тагилмæ ахастой.

Сæумæйæ изæрдалынгтæм хъæды куыст кодтой. Уазал æмæ æххормагæй ныффæллай æмæ та чъизи барачы дæ лыстæны батул! Лæппу бынтондæр слæмæгъ, удæгасæй ма куыд аирвæзт, уый дæр диссаг у. Хорз æмæ сæ уырдыгæй арвыстой Волжскы лагерьмæ. Уым бахауди рынчындонмæ. Куыста дохтыртимæ, æххуыс кодта хирургтæн. Зæрдæргъæвд лæппу алцæмæ дæр йæ хъус дардта æмæ уайтагъд фæцалх алыхуызон куыстытыл дæр. Раздæр уал æй сæвæрдтой — наркотизаторæй, уый фæстæ — профессортæн æххуысгæнæгæй. Фæстагмæ йæхæдæг дæр райдыдта операцитæ кæнын. Йе ’мзæххонтæй хорзы бирæтæн бацыд — æнцондæр куыстытæм сæ кæнын кодта, æмæ дзы бирæтæ фервæзтысты мæлæтæй.

1953 азы Ауызби суæгъд ис иннæ ахст адæмимæ.

28 азы бакуыста Тырныауызы рынчындоны. Уыцы рæстæджы райста бирæ хæрзиуджытæ республикон æмæ цæдисон медицинон æхсæнадтæй. Ис æм алыхуызон кадджын нæмттæ, майдантæ æмæ ордентæ: «Отличник санитарной обороны СССР», «Заслуженный медработник СССР», «Отличник гражданской обороны СССР», «Отличник народного контроля СССР» æмæ а. д.

1975 азы ацыди пенсийы, фæлæ ма 2002 азмæ бакуыста санэпидстанцæйы.

1990 азы нæ республикæйы арæзт æрцыд, советон хицаудзинады рæстæг цы зыгъуыммæ митæ цыд, политикон репресситæ кæй хуыдтой, уыдон рæстмæ чи равзара, ахæм ассоциаци «Номарæн».

1991 азы «Номарæн»-ы уæнгтæ сæхицæн президентæй равзæрстой, уыцы фыдмитæ йæхи удыл чи бавзæрста, уый — Зураты Ауызбийы. Æппæты фыццаг Ауызби фæндон бахаста, цæмæй æнаххосæй æфхæрд адæмæн нæ горæты æвæрд æрцæуа цыртдзæвæн. Дыууадæс азæй фылдæр ахаста йæ ракæ-бакæ, фæлæ уæддæр къухы бафтыд. Цыртдзæвæнæн эскизтæ скодта æрыгон скульптор Сабеты Георги.

2005 азы 3 декабры нæ горæты Плиты Иссæйы номыл уынджы байгом ацы цыртдзæвæн, схуыдтой йæ «Цæссыгты дур». Республикæйы дзыллон-политикон цардмæ зынгæ æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй Ауызбийæн саккаг кодтой орден «Кады Нысан».

Памятник жертвам политических репрессий «Камень слез» во Владикавказе находится на улице генерала Плиева в сквере «Тургеневская роща».

1999 азы Ауызби райдыдта æрмæг æмбырд кæнын, æнæ аххосæй аххосджынтыл кæй банымадтой æмæ кæй фесæфтой, уыцы æнамонд адæмы тыххæй. Бантыст ын бирæ æмæ уал рауагъта æхсæз томы чингуытæ «Книга памяти жертв политических репрессий по РСО-Алания». Уыцы куысты йын тынг баххуыс кодтой Æдасдзинад хъахъхъæныны комитеты æмæ нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ.

«Номарæн»-æн бирæ ахсджиаг фарстатæ лæууы йæ разы: компенсацитæ фидын, фæлладуадзæн бынæттæ æмæ санаторитæм путевкæтæ дæттын, куыстхъом чи нал у, уыдонæн рог автомашинæ «Ока»-тæ лæвар кæнын, телефонтæ сын æвæрын — уыдон дæр лæвар.

1992 азæй фæстæмæ Ауызбийы æдзухдæр равзарынц политикон репресситы амæддæгты Æппæтдунеон ассоциацийы уæнгæй.

Ауызби ныртæккæ дæр кæны стыр æхсæнадон куыст. Арæх бакæсы студенттæн лекцитæ. Архайы, разамынд цы ассоциацийæн дæтты, уый цæмæй иннæ ахæм организацитæй фæстæзаддæр ма уа, ууыл.

Æрæджы «Номарæн» фæндон бахаста Арктикæйы фыццаг ихсæттæг науы легендарон капитан Кучиты Юрийæн нæ горæты цыртдзæвæн сæвæрыны тыххæй. Уыцы фæндон тынг хорзыл банымадтой Ирыстоны цæрджытæ. Юрийы номыл цыртдзæвæнтæ фæзындзæн Ямалы æмæ Дзæуджыхъæуы, чи зоны, Кучийы-фырты ном сæвæрой ног ихсæттæг науыл.

Зурайы-фырты фæллойадон стаж схæццæ 70 азмæ. Уыдонмæ ма паддзахад бафтыдта 20 азьс ЛАГСУ-йы зындоны (ГУЛАГ-ы) цы 10 азы фæцис, уыдон (иу аз нымад цыди дыууæйыл). Цæвиттон, иумæ райсгæйæ Ауызбийы фæллойадон стаж у 90 азы.

Кæд ыл 90 азы сæххæст, уæддæр нырма у æвзыгъд, куыстхъом, йæ бæрны цы хъуыддæгтæ ис, уыдон кæны æвæлмæцгæйæ.

Æнæниз, зæрдæрухсæй нын сæдæ азы сæрты акæс, нæ буц хистæр!

Журнал «Мах дуг», 2016/7

259752_b4494d265c7140d9817e39071bfe8f06 — копия — копия — копия