TOP

«Ирон газет» уыдис фыццаг газет ирон æвзагыл. Йæ фыццаг номыр рацыдис мыхуырæй 1906 азы 23 июлы Дзæуджыхъæуы. Хуссар Ирыстоны 23 июлы у Мыхуыры кусджыты бæрæгбон.

gaediaty_c

Уый уыди 1906 азы, уалдзæджы. Революци райхъал кодта, Цæгат Кавказ сабыргонд куы æрцыди, уый фæстæ рæдзæ-мæдзæ кæнын чи райдыдта, уыцы хæххон адæмты. Йæ уылæнтæ столицæйæ æмæ стыр промышленнон центртæй рацæугæйæ, дарддæр æнхъæвзтой æгас бæстæйыл æмæ уынæргæнгæйæ хæццæ кодтой бæстæты тæккæ дæрддагдæр къуымтæм. Ирон адæм, стæй иннæ хæххон адæмтæ се ’ппæт дæр, æмбарын байдыдтой, цыдæр стыр хъуыддаг кæй рæзы, уый, æмæ сæ бафæндыди, сæ алфамбылай цы цæуы, уый бæлвырддæр базонын. Адæмæн уыцы хъуыддаджы иуæй-иу рæтты æххуыс кодтой, уæды стырдæр дыууæ социалистон организацийы — УКСДП æмæ СРП («фæдисонтæ») цы агитатортæ-пропагандисттæ æрвыстой, фылдæр ахуырдзау фæсивæдæй, уыдон. Дзæуджыхъæуы ирон адæмы æхсæн, стæй быдираг æмæ хæххон ирон хъæуты дæр зынын байдыдтой ирон æвзагыл прокламацитæ, типографийы мыхуыргондæй кæнæ гектографæй фыстæй. Фæлæ-иу уыцы прокламацитæ фæзындысты стæм хатт æмæ æнæнхъæлæджы, уагъд-иу цыдысты исты бæлвырд хъуыддаджы фæдыл æрмæстдæр агитаци кæныны охыл, æмæ дзыллæты домæнтæн фаг дзуапп нæ лæвæрдтой. Дзыллæтæ та афтæ сырæзыдысты, æмæ сæ фæндыди, иудадзыг дæр мыхуыры фæрцы æппæт хабæрттæ куыд зыдтаиккой, афтæ. Мыхуыры дзырдмæ бæллын афтæ стыхджын ис дзыллæты æхсæн, æмæ алырдыгæй хъæлæсыдзагæй хъæр кодтой, домдтой. Ахæм уавæрты мидæг революцион зондахастыл хæст чи уыди, уыцы ирон интеллигенцимæ æнæфæзынгæ нæ уыди газет рауадзыны хъуыды. Фыццаг газет!.. Хъуыдис фæлтæрддзинад, ахæм стыр хъуыддагмæ арæхстдзинад; хъуыдис, æнæ мыздæй йæхи куысты чи сифтыгътаид, ахæм иузæрдион кусджыты къорд, хъуыддаг фæрæвдз кæнынæн хъуыдис, кæд бирæ нæ, уæддæр иучысыл фæрæзтæ, авторитет… Уыдис иу ахæм адæймаг, фæлтæрддзинад дæр æмæ авторитет дæр кæмæ уыд, бирæтæ кæй алыварс æрæмбырд уыдаиккой, фæрæзтæ дæр æмæ тыхтæ дæр чи æрбамбырд кодтаид. Уыцы адæймаг уыди Хетæгкаты Къоста, фæлæ уый уыцы аз рагуалдзæджы амарди. Цард та фидарæй домдта ирон газет рауадзын.

Ирон хъæуты бонæй-бонмæ тыхджындæр æмæ бæлвырддæрæй хъуысти: «Газет нын, нæхи газет!» Æмæ кæд цыфæнды зын уыди, уæддæр ахæм газет хъуыди саразын. Уый æмбæрстой интеллигенцийы фылдæр хай, уый æмбæрстой службæгæнæг æмæ кусæг ирæттæй бирæтæ. Фыццаг уыцы хъуыддагыл дзырдтой Ныхасты æмæ уынгты, афтæ æнæ исты нысанæй, хуымæтæджы, уый фæстæ фынгты уæлхъус, хæххон бæгæны æмæ арахъхъ нуазгæйæ, стæй йыл фæстагмæ зæрдиагæй тæрхон кæнын байдыдтой. Чысылгай-чысылгай, йæ политикон цæсгом бæлвырд кæмæн нæ уыд, уыцы интеллигенцийæ равзæрдис газет рауадзыны инициативон къорд. Уыцы къордмæ бацыдысты Гæздæнты Дзыбын, Кочынаты Сабан, Æмбалты Цоцко, Хъаныхъуаты Алмахсидт, студенттæ: Бутаты Аслæнбег, Уыртаты Хъамболат æмæ, ацы рæнхъытæ чи фыссы, уый.

Исчи цыма барæй равзæрста ацы лæгты редакцийы коллективæн. Уыдоны æхсæн уыди дохтыр, агроном, ахуыргæнæг, ирон «райдиан чиныг» аразæг, студент-юрист, студент-медик, студент-филолог. Къорд фыццаг æгæр дæрдтыл авналынвæнд скодта. Ныхас цыди, цæмæй газетæн йæхицæн уыдаид сæрмагонд типографи, сæрмагонд хæдзар, «Казаровы рауагъдады хæдзары хуызæн», ныхас цыди цæттæ шрифт рафыссыныл (Калакæй); сæ зæрды уыд æрвылбон дæр газет уадзын, хъуыды кодтой, газеты алфамбылай «фидæны» культурон-рухсадон ирон организациты се ’ппæты æрæмбырд кæныныл, бæстызонынады библиотекæ саразыныл, газетты цур сæрмагонд æхсæнад саразыныл æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ æхцайы хъуыддагмæ куы æрхæццæ сты, уæд стыр пълантæ иуварс аззадысты æмæ хъуыддаг æрæнцади газет рауадзыны тыххæй практикон мадзæлттыл: чысыл газет мыхуырон сыфы цыппæрæм хай, йæ тираж цалдæр сæдæ экземпляры, йæ цæуыны уаг — къуыри дыууæ хатты; газеты кусын хъуыди лæвар, æнæ мыздæй. Баминæвар кодтам З.И. Шуваловы типографимæ нæ газет мыхуыр кæныны тыххæй, уым уыдис иу чысыл ирон шрифт. Фæлæ ирон чингуыты уæй кæныны хъуыддаг цы уавæры уыд, уый хорз чи зыдта, уыцы типографийы хицауы зæрдæ цæмæй хъуамæ балхæдтаиккам? Стыр мæлгъæвзагæй дзурын бахъуыдис фыццаг ирон газеты фидæны редактор Бутаты Аслæнбеджы Шуваловимæ, цæмæй уый сразы уыдаид, ирон дамгъæтæ æвзарын чи зыдта, уыцы зыбыты иунæг æмбырдгæнæджы æрвылбоны иумæйаг куыстæй сисыныл æмæ йæ ирон газет æмбырд кæныныл бафтауыныл.

Типографийы ’рдыгæй хъуыддаг фæрæвдз. Фæлæ хъуыдис гæххæтт! Кæм æй ссардæуа? Уыцы хъуыддаджы дæр та нын феххуыс нæ фидæны редакторы арæхстдзинад. Уый уæд куыста бынæттон уырыссаг газет «Казбек»-ы редакцийы. Уыцы газет уадзæг С. Казаровæн та йæхицæн уыди типографи æмæ йæм гæххæтт разынд бирæ. Нæ фидæны редактор Казаровæн фæдзырдта, цы «стыр фидæн» кæсы ирон рауагъдадмæ, уый тыххæй æмæ уыцы рауагъдад йе ’ппæт куыстытæ дæр кæй кæндзæни Казаровы типографийы, кæд уый ирон шрифт балхæна, уæд. Цæвиттон, ирон газет йæ фыццаг номыры фаг гæххæтт райста Казаровы рауагъдадæй.

Газетыл мæнæ ацы нæмттæй: «Рухс», «Хур», «Хурзæрин», «Райсом», «Фæдис» æмæ афтæ дарддæр, цы сæвæрдæуа? Æппынфæстаг фæндон æрбацыд. Йæ ном «Ирон газет» уæд, зæгъгæ, æмæ уыцы хуымæтæг, се ’ппæтæн дæр æмбæрстгонд ном райста редакцийы къорд. Газет рауадзыны тыххæй цы формалон хъуыддæгтæ бакæнын хъуыди, уыдон æххæстгонд æрцыдысты. Газетæн редакторæй æвзæрст æрцыди Бутаты Аслæнбег. Бавналын хъуыд æрмæг æмбырд кæнынмæ… Газеты арæзт æмæ программæ цавæр уыдзысты?.. Газетæн йæ сырæзтæй суанг йæ сæхгæныны онг редакцион къорды се ’ппæты дæр цух нæ уагъта иу хъуыды, иу сагъæс — газет бахъахъхъæнын алы æнæнхъæлæджы хъуыддæгтæй, хицауады официалон æмæ æнæофициалон фарсхæцджыты «æппæт уынаг» цæстытæй йæ бахизын. Нæ газетæн йæ арæзт, йæ ахаст хъуамæ уыдаид «прогрессивон». Редакцион къорды «хистæр» фæлтæр газеты ахсджиагдæр хæсыл нымадта культурон хъуыддæгтæ: кæсын-фыссын зоныныл ахуыр кæнын, зонындзинæдтæ тауын, алфамбылай цы цаутæ цæуы, иннæ адæмтæ куыд цæрынц, уыдон хъусын кæнын; чи базæронд æмæ зиан чи хæссы, уыцы æгъдæуттæ сафын, ирон адæмы культурæ бæрзонддæр кæнын, ирон адæмы дыууæ хайы — Хуссар æмæ Цæгат Иры культурон æгъдауæй иу кæнын æмæ афтæ дарддæр. Фыццаг номыры программон раздзырд æвæргæ дæр æркодта ахæм хæстæ. Фæлæ редакцион къорды «кæстæр» фæлтæры зæрдæйы ахъардтой дуджы стыр лозунгтæ, политикон лозунгтæ, зæхх национализаци æмæ социализаци кæныны хъуыдытæ, адæмы хъуыддаджы сæрыл тох кæнын. «Кæстæр» фæлтæр æппæтæй дæр уыди тохмæ сыстæг адæмы фарс. Редакцион къорды уыцы хай цæттæ уыди газеты революцион партиты сидтытæ æмæ прокламацитæ мыхуыр кæнынмæ. Йæ арæзтмæ гæсгæ дæр æмæ йæ мидисмæ гæсгæ дæр газет уыдис уыцы дыууæ фæлтæры тырнындзинæдты компромисс; фæлæ уæддæр газет кæронмæ бахъахъхъæдта, фыццаг национ газеты, стæй 1906 азы сæрды хуызæн змæст рæстæджы афтæ æхсызгон чи хъуыд, уыцы æнæхъæндзинад æмæ иудзинад.

Фыццаг номыры æрмæг цæттæгонд фæци æмæ типографимæ лæвæрд æрцыди 20 июлмæ. Редакцион къорд сегас дæр кастысты, статьятæ, корреспонденцитæ, бæрæг сын кодтой сæ мидис; кастысты, æнцон æмбарæн сты, æви зын æмбарæн, уымæ. Суанг ма орфографийы фарстатыл дæр цыди дæргъвæтин ныхас. Рагагъоммæ ныхас нæ бакæнгæйæ, иууылдæр бамбæрстой, нæ газет фыццаг газет кæй у, æхсæнады уынаффæйы æмæ цæстæнгасы фыццаг скъола кæй у, фыццаг дзыллон ахуырдзинады бæрæггæнæн кæй у, уый. Æрмæгмæ æппæт коллективы кæсыны æгъдау баззад, цалынмæ газет æхгæд æрцыд, уæдмæ дæр.

22 июлы, сабаты, изæрæй газет фæци æмбырдгонд æмæ арæзт. Иу-дыууæ корректурон рæдыды ма хъуыди сраст кæнын æмæ уæд цæттæ уыд. Æнæ сихоры улæфтæй, бон-сауизæрмæ бакуысты фæстæ æмбырдгæнæг сфæнд кодта мыхуыр кæнын райдайыны агъоммæ чысыл аулæфын. Кусджытæ ацыдысты. Типографийы дыууæрдæм рацу-бацу кодтой редакцион къорды уæнгтæ æмæ кастысты корректурон оттисктæ. Типографийы дуармæ сæмбырд бирæ адæм, æнхъæлмæ кастысты газеты рацыдмæ.

«Райдыдтам», — загъта æмбырдгæнæг, йæ бынатæй сыстгæйæ. Иу цалдæр минуты ма, — стæй Æмбалты Цоцко зилын райдыдта типографийы зæронд машинæйы цалх.

Æмбисæхсæвмæ сцæттæ фыццаг ирон газеты фыццаг номыр. «1906 аз, 23 июль, хуыцаубон» — уый у ирон периодикон мыхуырæн зæрдылдаринаг бон.

1

Газеты рацыды уац базыртыл атахти æппæт Ирыстоныл. Алырдыгæйты редакцийы номыл цыдысты ныфсдæттæг арфæйы телтæ æмæ писмотæ. Фæрæзтæ æфтын байдыдтой: газет рафыссыны аргъ æмæ кæмæн цы йæ бон уыди, уымæй газетæн баххуыс кæныны хуызы. Бирæ рæтты фæзынди «газет кæсджыты калонитæ», иуæй-иутæн газеты рацыд уыди бæрæгбонау æмæ куывдтæ арæзтой. Корреспонденцитæ æмбæлын байдыдтой… Афтæ æгас Ирыстон алыхуызон хъæлæстæй йæ цины дзуапп загъта фыццаг газеты рацыды фæдыл.

Æрмæстдæр иунæг мæй ацарди газет — 23 июлæй 20 августмæ — алы хуыцаубоны æмæ цыппæрæмы æнæкъуылымпыйæ цæугæйæ. Æдæппæт рацыди фараст номыры. Газетæн фадат уыди дарддæр рæзынæн. Æхца йæм æрæмбырд 250 сомы бæрц — рæстæг æмæ йæ уавæртæм гæсгæ уый чысыл æхца нæ уыди. Газет рафысджытæ, кæсджытæ æмæ газеты уацхæсджытæ фылдæрæй-фылдæр кодтой. Рæзыдис йæ бындур… Фæлæ æвиппайды инæлар-губернаторы пъеройы иу ахыррыттæй газет йæ цард фæци. Йæ фæстаг номыр — фарæстæм — рацыди 20 августы, цалдæр боны фæстæ та йын йæ редакторы ахæстоны бакодтой.

***

«Ирон газет»-ы политикон цæсгом уыди демократон радикализм. Уый уыди монархи æмæ демократийы карз тохы дуг, хæлгæ чи кодта, йæ царды фæстаг бонтæ ма чи æрвыста, уыцы монархи йæ модификациты бирæ хуызтимæ: гуымиры царизмæй — кадетты конституцион монархизмы онг, æмæ хицаудзинад райсыныл чи тох кодта, хицаудзинадмæ чи тырныдта, уыцы демократи, пролетариаты, зæхкусджыты æмæ лыстæг буржуазийы бырсæг демократи. Уадз æмæ уый фæстæ реакцийы дуг ралæууæд иу цалдæр азмæ, уадз æмæ паддзахы фæсдзæуинтæ бæстыл туджы зæй ауадзæнт, байдзаг æй кæнæнт ауындзæнтæй, фæлæ уал ныр, æнауæрдон карз тох куы цыди, уæд ирон газет дæр уыцы тохы æргом æмæ уæндонæй æрлæууыди демократийы фарс, фæллойгæнæг демократийы фарс. Адæмты кæрæдзиуыл чи ардыдта, провокацитæ чи арæзта, адæмы чи æфхæрдта, сæ бархъомыс сын чи саста, уыцы хицауад нæ, фæлæ адæм, дзыллæтæ, хуымæтæг кусæг адæм, мæгуыр æфхæрд адæм уыди нæ газеты скаст, йе ’нхъæлцау, — уыдон хъуамæ уой бæстæйы æцæг хицæуттæ, хицауад уыдоны къухы хъуамæ уа. Æнæзæхх кусæг лæг, мæгуыр хохаг, эксплуатацигонд чи цыди, уыцы фæллойгæнæг æвæрд цæуы бирæсæрон хицауады ныхмæ, фæллойгæнджыты туг чи цъиры, уыцы эксплуатацигæнджытæн се ’ппæты ныхмæ, адæмы фæллой «уырытæй тынгдæр» чи хæры, уыдоны ныхмæ. Уыцы фæллойгæнæг сыстади тохы артмæ, гæрæхты нæрынмæ æмæ тох кæны. Уый ныр амонд, мæгуыргуры къæбæрау, нал куры, йæ рохтæ чи суагъта, уыцы паддзахæй, фыдгæнæг администрацийы «растадæй», думæйæ, уый ныр йæхæдæг цæуы йæ амондмæ. Уый йæхæдæг, æрмæстдæр йæхæдæг йæхи къухтæй сараздзæн йæ цардамонд. Газет стыр цинимæ хъусын кæны Уæрæсейы алы рæтты «Зæхкусджыты депутатты Советтæ» æмæ «Батракты депутатты Советтæ» арæзт кæй цæуы, уыцы хабар, бонæй-бонмæ бæстон æвзары тæккæ зынгæ революцион факттæ æмæ сæ газеты мыхуыр кæны, революцион ахаст сæм куыд уа, афтæмæй, адæмы зондахаст æрыхъал кæныныл архайы, ныфс сын æвæры, сиды сæм… «Адæмæн сæ зонд сырæзыди, — фыссы газет, — æмæ сæхæдæг, æнæ хицæуттæ, сæ цард аразын байдыдтой. Уый хорз нысан у амонды фæндаг ссарынæн… Æгъгъæд у æнхъæлмæ кæсынæн! Кæрон ис сайынæн дæр, кæрон ис æмгъуыдтæн дæр». (№4).

Политикон æфхæрддзинад æмæ æнæзæхх — уыдон сты, газеты хъуыды кæй алыварс зилы, уыцы дыууæ фарстайы.

Æфхæрд кълæсты экономикон зын уавæр… Мæнæ, йæ бæрзæйыл «паддзахы æфсондз» чи хæссы, Уæрæсейы æгæрон быдырты æххормагæй чи мæлы, уыцы «уырыссаг музуккаг»; мæнæ æнæзæхх хохаг ирон, мæнæ мæхъхъæлон, чысыл зæххы гæппæл йæ бæллиц кæмæн у, кæм бафыдæбон кæна æмæ йæхицæн мамæлайы къæбæр кæм самал кæна, ахæм зæххы гæппæл; мæнæ кусæг лæг — адон иууылдæр тохы бацыдысты. Æрмæстдæр хъæуы кæрæдзийы æмбарын, хъæуы иудзинад, архайын æмæ хицауады фæсдзæуинты иудадзыг провокацимæ нæ хъусын. «Хæххон адæмтæн, — зæгъы газет, — уæлдайдæр ир æмæ мæхъхъæлæн, ацы тæссаг сахат уый тынг æмбарын хъæуы».

Хицæн нациты æхсæн цы ахастытæ ис, уыцы фарстамæ газет йæ хъус тынг дардта. Газет фыста, хицауад йæ провокацион архайд кæй нæ уагъта, уырысы дзуттæгтыл кæй ардыдта, тæтæры сомихыл, хъазахъхъы хæххон адæмыл, ирæтты мæхъхъæлыл, мæхъхъæлы ирæттыл. Æмæ хицауад иу адæмы иннæ адæмыл ардауыны куыст куы кодта, се ’хсæн сын хæрамдзинад куы тыдта, ир æмæ мæхъæлы æхсæн ахастдзинæдтæн тас куы уыди, уæд уыцы уавæрты газет сидтис фидыддзинадмæ, сабырдзинадмæ. Газет фыста: «Бафидауæм, хыл æмæ загъдæй ничи ницы рамбылдта… Фидауын хъæуы, тынгдæр ныры заманы, цæмæй иу æррайы фыдраконддзинад ма расайа дыууæ сыхаг адæмы æхсæн хæрамдзинад. Æмхуызон мæгуырæй æмæ хъыгдардæй фæцардыстæм, æмхуызон æнæзынгæ чысыл адæмтæ стæм, æмæ ноджы кæрæдзи куы æргæвдæм, уæд ма нæ цы баззайдзæн?» (№2).

Газет мыхуыр кæны ирон адæмы уавæры тыххæй иукъорд уацы. Фыццаджыдæр уый, æмæ кæрæдзийы кæй не ’мбарæм. «Адæмæн сæ дзырд, сæ уынаффæ иу куы уа, уæд базондзысты сæ цард дзæбæх æгъдæуттыл сæвæрын, сæхи бахъахъхъæнын… Мах та, æнæфыййау фосау, фæйнæрдæм ныппырх стæм, нæ дзырд кæрæдзиуыл нæ бады, нæ уынаффæ иу нæ кæны… Чи нæ йæхи „уæлладжырон“ хоны, чи „куырттатаг“, чи „дыгурон“… Ныры зыны сахат фæйнæрдæм куы хæцæм, нæ ныронджы цардæй куы цæрæм, уæд нæм хъару дæр нæ уыдзæн… Кæрæдзи дзырд куы æмбарæм, уæд æнгом уыдзыстæм… уæд фыдбылызæй кæддæриддæр нæхи бахъахъхъæндзыстæм…» (№4).

Газет национ æгъдауæй дæр, революцион æгъдауæй дæр, культурон царды æгъдауæй дæр йæ зæрдæ дардта адæмы иудзинадыл æмæ хъæппæрисдзинадыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, адæм кæрæдзийы дзырд кæй не ’мбæрстой, фæйнæрдæм кæй хæцыдысты, уыцы хъуыддагмæ газет касти æхсæнадон стыр фыдбылызмæ кæсæгау. Адæм кæрæдзи кæй не ’мбæрстой, стæй, æмткæй райсгæйæ, дзыллæйы æмбарындзинад бæрзонд кæй нæ уыди, уымæ гæсгæ фæсивæдæй бирæтæ Уæрæсемæ цыдысты стражниктæй помещикты исбон хъахъхъæнынмæ.

«Стражниктæй цæуын», «стражникдзинад» — ирон адæмы царды дæр, мæхъхъæл æмæ цæцæны царды дæр уыдысты стыр хъуыддаг, æмæ нæ газет йæ ныхмæ карз тох самадта. Тохмæ чи сыстади æмæ тохы чи бацыди, уыцы адæмы ныхмæ цу, уымæй ма худинагдæр æмæ æгаддæр цы хъуыддаг уа? Æмæ фæсивæды стражниктæй цæуын нал уадзыны, фæстæмæ сæ раздæхыны хъуыддаджы газеты бон чысыл нæ баци. Хъæуты æхсæнадон уынаффæтæ кæй хастой, сæ фæсивæд стражниктæй куыд нæ уал цæуой, стæй чи ацыди, уыдон фæстæмæ куыд раздæхой, уый тыххæй, стражниктыл се ’ппæтыл куыд худтысты, уыцы хъуыддаджы уыди газеты архайды хай дæр.

Рагæй-æрæгмæ «деспотийы хъуырыцæг» чи уыди, уыцы шпионаж, тугисын, чызг скъæфын, æппæт уыдæтты ныхмæ хæцыдис газет. Фæлæ æппæт фыдбылызтæй газет йæ хъус тынгдæр дардта æмæ фылдæр фыста дæвдтыты æмæ стигъыны тыххæй. Æвзæргæнджытæ адæмы куы мардтой, уыцы уавæры ма ноджы давын æмæ стигъын! Æмæ хибахъахъхъæнынæн хуымæтæджы мадзæлттæ дæр нæ уыди. Сабыр фæллойгæнæг адæм æнæ гæрзтæ, къæрныхтæ æмæ давджытæ та ифтонг, æмæ хицауад ницæмæ дардта, апы бон æмæ алы æхсæв æнæгæрзтæ фæллойгæнæг адæм стыгъды кæй цыдысты, уый. Хъуамæ адæм сæхæдæг стох кæной се ’взæргæнджыты ныхмæ. «Аппарын» хъæуы, — зæгъы газет, — зæронд хъуыды — «æз ницы федтон, мæн мачи хъыгдарæд», зæгъгæ, уый. Ахæм ныхасы лæгдзинад дæр нæй, æмæ рæстдзинад дæр. Æвзæргæнджыты фыдмитæн кæрон скæнын хъæуы, кæд сæ хицæуттæ сæхæдæг амидин кæнынц, уæддæр. Уыдонмæ гæрзтæ ис? Æмæ дæу чи нæ уадзы гæрзтæ ссарын? Бар нæ дæттынц? Исчи ма ахæмты тыххæй хицауады фæрсы? Дзырд дыл бахастæуыдзæни? Æмæ газет йæхи ныццæвы, Ирыстоны хъæуты чи сарæх, уыцы дзырдхæсджытыл æмæ шпионтыл. «Æрмæст искæмæ фæзынæд згæхæрд хъыримаг дæр, æмæ дзырдхæсджытæ фæцæйзгъорынц хицауадмæ. Уымæн кæрон скæнын хъæуы, шпионаж æд уидæгтæй скъахын хъæуы, «Дзырд хæссын у нæ низы хай, нæ худинаг!»

Шпиондзинадæн кæронгонд не ’рцыди, фæлæ газет йæ ныхмæ тыхджын тох кæй самадта, уый тыххæй йæхæдæг зылынгонд æрцыди, æдгæрзтæ сыстадмæ сиды, зæгъгæ, æмæ йæ сæхгæдтой.

Бирæ нæ ацарди «Ирон газет», фæлæ уыцы фыццаг байтыд нæмыг суагъта хорз æвзар. Ирон фæллойгæнæг дзыллæты зæрдæты арф ныххызти сæрибаруарзон хъуыды; культурæ, рухсмæ, национ рæзындзинадмæ тырнын арф уидæгтæ ауагъта. Æмæ ныртæккæ, хæххон адæмты рæзынæн уæрæх æмæ сæрибар фæндаг куы байгом, уæд рох кæнын нæ хъæуы, Сырх Октябры революцийы стыр арт ссудзынæн ахъаз чи уыди, «Ирон газеты» уыцы чысыл цæхæр дæр.

1924 аз.