Автор: Хъодзаты Иридæ
Ацы зæххыл сывæллоны былты дыбал-дыбулæй æхцондæр æмæ буцдæр гимн нæй. Афтæ загъта Виктор Гюго. Æцæгæй дæр, саби къахыл ауайыныл фыццаг фæлтæрæнтæ куыд фæкæны, ахæм æнувыд фæлтæрæнтæ фæкæны дзырды дунемæ фæндаг ссарыныл дæр. Уыдон вæййынц зын æмæ зæрдæрухсгæнæн сфæлдыстадон утæхсæнтæ. Цас цин æрхæссынц, æвæдза, сабийæн йæхицæн дæр æмæ йæ хъомылгæнджытæн дæр фыццаг дзырдтæ — нана, баппа, дзиба æмæ æндæртæ! Алы ног дзырды райгуырд дæр — сгуыхт, уæлахиз, бæрæгбон! Хистæртæй цытæ фехъусы, уыдон гаги «йæхицæн бакъаддæртæ кæны», йе та сын бынтон æндæр варианттæ саразы. Зæгъæм, дæндаг ын фесты гæццо, сæр — гоппа, худ — гуцца, «дзæбæх»-æй («хорз»-æй, «рæсугъд»-æй) рауайы дуду, «дарæс»-æй — цаца, «сæгъ»-æй дзыгы…
Сывæллон дзырдтæ куыд мысы, уый абарæн ис поэты куыстимæ. Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц поэтæй, сабийау сыгъдæг, æнæхин у, зæгъгæ. Ам зæрдыл æрлæууынц В. Сухомлинскийы ныхæстæ дæр: «Радость словотворчества — самая доступная для ребенка интеллектуальная одухотворенность».
Ирон сабиты дзырдаразыны хъуыддаджы иу ахæм миниуæг бафиппайдтам: сæ ныхасыуаджы, хæрз стæмтæй фæстæмæ, нæ разыны хъæбæр æмхъæлæсонтæ къ, пъ, тъ, хъ, цъ, чъ. Æвæццæгæн, уымæн, æмæ æвзаг базоныны фæндагыл фыццаг къахдзæфтæ чи фæкæны, уыдонæн ацы «гуырымыхъ» зæлтæ зын дзурæн вæййынц, лæппын æвзаг сæ нæ фæкæрды. Уымæ гæсгæ сæ баивы фæлмæндæр мыртæй: къ-йы бæсты г (къах — гакк), цъ-йы бæсты дз (цъыф — дзыф) æмæ а.д. Къаннæг удтæ æвзаджы уидæгтæм æввахсдæр сты, дзырдаразыны хъуыддаджы сæм цыдæр æрдзон цардцыбæл æнкъарынад ис — уымæн у се ’взаг уæлдай фидауцджындæр, тасагдæр, зæрдæдзуагдæр. Лев Толстой хуымæтæджы нæ загъта, рæзгæ удтæ, дам, дзырдтæ аразыны закъонтæ сымахæй, ома хистæртæй, хуыздæр зонынц, уымæн æмæ, дам, уыдонæй арæхдæр ничи хъуыды кæны ног дзырдтæ.
Фиппаинаг: Стъалыйæ (*) бæрæггонд дзырдтæ арæхдæр дзурынц Хуссар Ирыстоны.
Акки — айк
А-лол-лай — авдæны зарæг
А-лолотæ-цыцытæ — фынæй кæнын, хуыссын
Аце* — хæрæг
Ачу (æчу)* — бæх
Æвву* — нау, поезд
Æкки — цыхт
Æмми кæнын, æмма æмме д. — хæрын
Æмму* — хъуг, гал, стур
Æна — мад
Æна*, дацци д. — фыдымад, мадымад
Æнна*, æнтъа*, æнцъа* — дон
Æпп-æпп кæнын — гæпп кæнын
Æппæй кæнун — хæрдмæ æппарын
Æрсæго*, æрси, æрсой — арс
Æу*, æу-æуу* — куыдз
Ба — пъа
Баба — фыд
Баби, бапп-бапп — бабыз
Баби кæнын — бафснайын, сæвæрын
Бабо кæнын — сæхгæнын, бацъынд кæнын
Баи — дон
Байа* — чысыл саби
Баййа — байраг, къæлæу
Бала — фыс, фыркъа
Баппа, баппу — дзул
Бацци кæнын, бацци кæнун д. — бадын
Бææ* — фыс, фыркъа
Бæппа — хъæрмхуыпп
Бæппу — лæппу
Бетъе* — гуыбын Биби — хъазæн
Биз д. — тæвд
Бипп — машинæ
Бипп кæнын, быппы кæнын*, буппу кæнун д. — кæлын, хауын
Бирукк*, бигъа, бигъо д. — бирæгъ
Бисса* — гæды
Бобо — стыр
Богъола — сырд
Бу* — æхсæнгарз (сармадзан, танк, минææхсæн…)
Букка* — стыр куыдз
Бул-бул — бæлон
Була (и)* — хъаз
Булла-булла-буллатæ д. — авдæны зарæг
Буци* — къæбыла
Бызза кæнын, биззе кæнун д. — риссын, судзын
Бызыртт кæнын — згъорын
Былла — бас, кас, сæндæг
Быллай, булла кæнуй д., байбай кæнуй д. — фынæй кæнын, хуыссын
Быфф* — æвзæр тæф
Ввуу*, вун-вун д. — нау, поезд
Габа — къаба
Гага — адджинаг, дыргъ, халсар
Гаги — сывæллон
Гадди, гацци — кард, цыргъаг
Гадзан, гæдзарæ — хæдзар
Газ, газо — хъаз
Газын, газзи кæнун д. — хъазын
Гакк, гакки*, гаккæ д. — къах
Гакка д. — дзабыр
Гаккæй, гаккæй цæун д. — къахæй цæуын
Гакки кæнун — цæуын
Гала — дзабыр
Гаппе* — къафетт
Гæбис д. — къæбыла
Гæби — хъæбыс
Гæбо кæнын, гæбыс кæнын — хъæбыс кæнын
Гæбул — хъæбул
Гæбыла, гæбыс, гæбула д. — куыдз, къæбыла
Гæвдын — хъæвдын
Гæдзæг, гæдзæкк, гæдзæкки д. — лæдзæг
Гæззо — дзых
Гæззу д. — дæндаг
Гæккой — æккой
Гæкку д. — фæткъуы
Гæм — къæм
Гæмми* — рувас
Гæндзу д. — дæндаг
Гæппи кæнын — гæпп кæнын
Гæкку д. — фæткъуы
Гæуын — хъæуын
Гæцце д. — лæдзæг
Гæцци (-ы), гæццо, гæццу д. — дæндаг
Геллау — хъеллау
Гечо* — род
Гида, гино, гиса, гисæ д. — гæды
Гого д. — хъазæн
Годо, гоцо*, гæдздзи д. — род
Гозе д. — фаджыс
Гоко — фыс, фыркъа
Гоппа — сæр
Гоци д., гоцци д. — хъуг, род
Гоцца д., гоцци д. — худ
Гуг — хъуг, гал
Гугу — æнгуз
Гугу д. — кукла
Гуда д., гудæл д. — хъазт
Гудзи кæнын, гудзи кæнун д. — кæсын сусæгæй
Гукк, гуки*, гоккæ д. — къух
Гукку, гукко д. — гуыл
Гукку д. — хъазæн
Гулдзæ д. — æнгуылдз
Гули кæнун д. — хъæбыс кæнын
Гус — хъус
Гуту д. — фыр, фыркъа
Гуыби — гуыбын
Гуыппа, баппа д. — æхсыр
Гуысси кæнын, гусси кæнун д. — фынæй кæнын, хуыссын
Гуххо кæнун д. — лыг кæнын
Гуцца, гоцци, гоцца д, — худ
Гыгы, гиги д., гиккæ д.— чызг
Гыгьгъы* — чысыл саби
Гыдзы — хъыдзы
Гыдзыл — гыццыл
Гыкъына, гекъуна д. — гыццыл чызг
Гыхх (а), гихх д., гихха д. — æвзæр, чъизи
Гыхха кæнын — «æддæмæ» цæуын
Гыцци — мад
Гыцци — гыццыл, чысыл
Гъæу-гъæу — куыдз
Дада — фыдыфыд, мадыфыд
Дай-дай цæуын, дай-дай цæун д., — тезгъо кæнын, балцы цæуын
Дала — фæндыр
Далы-далы, даллы-даллы, дали-дали д. — æмдзæгъд кæнын
Даллы кæнын — кафын
Дæге д., дæгеца д. — авдæны зарæг кæнгæйæ рæвдауæн дзырдтæ
Дæпп, дæпп-дæпп, дæпп кæнун, дæппе кæнун д. — цæвын
Дедо*, дидо* — хъуг, гал
Диди — хъазæн
Дидин — дидинæг
Дидта д. — чъизи
Дитт — тъиртт
Додо — хорз
Дуду — дзæбæх, хорз, рæсугъд
Дудутт — машинæ
Дуку д. — гæды
Дыгы-дыгы кæнын — лæууын (къахыл)
Дыгъ-дыгъ* — цæу
Дзайдзай д. — реуа кæнын
Дзацци кæнын — асæттын
Дзæкка д. — сæндæг
Дзæпп-и (ы) — цæф
Дзæпп (-и) кæнын, дзæппо кæнын — цæвын
Дзæп-дзæп кæнун д. — найын
Дзæцц, дзæццæ — цæст
Дзæцце кæнун д. — сæттын
Дзиба, дзибæ, дзибу д., дзицци д.— цъиу, маргъ
Дзиззе кæнун д. — судзын
Дзикке д. — цыхт
Дзисс д. — судзы дæ!
Дзисса д. — дзидза
Дзиу, дзеу д. — маргъ, цъиу
Дзиги кæнун д. — хъыдзы кæнын
Дзортт — гогыз
Дзортт-дзортт кæнын — згъорын
Дзуццу — дзул, кæрдзын
Дзыгы — сæгъ
Дзында, дзынна — цъында
Дзызз кæнын* — риссын, судзын, рухс кæнын
Дзызза* — арт, рухс, хур
Дзыкки — цыхт
Дзыкъы — сæныкк
Дзыкъына — гыццыл чызг
Дзыс кæнын — доныхуыпп калын
Дзыф — цъыф
Дзыцц кæнын — сыстын
Дзыцца, дзицца, дзыцци, дзицца д. — мад
Дзыццыл — гыццыл
Джыкъына — гыццыл чызг
Джуджу*, кæркой, хъахъа — карк
Екки д. — уидыг
Ико — хæрæг
Киро — бæх
Киро* — байраг, къæлæу
Коко — фыс, фыркъа
Кокка, кæуи д. — кæуаг
Кокка кæнын, коккатæ кæнун д. — кæуын
Коки — хæрæг
Курмæрситæ д. — хъазт æмбæхсынджытæй
Къалцойнæ д., къæлцойнæ д. — гуыбын
Къæби* — хъæбыс
Къæби кæнын* — хъæбыс кæнын
Къиба* — хъыбыл
Къох-къох — дзæргъ (стыр хуы)
Къуæрдбæлледзгутæ д. — сабиты хъазт
Лало д.— уæрдон
Лæлæуу — фæлæуу
Лекко д. — сабиты хъазт
Лоло — хуыссæн
Лоло кæнын — фынæй кæнын, хуыссын
Мамм(и), мамма д., маммæ д. — æвзæр, сырд
Мæм-мæм д. — хæрын
Мæнги д. — гыццыл, чысыл
Мехъ*, мехъ-мехъ* — цæу
Миауу* — гæды
Му-му — хъуг, гал
Нана* — мад
Нана — фыдымад, мадымад
Нана кæнын* — фынæй кæнын, хуыссын
Нæм-нæм — хæрын
Нуну* — хъæбæр нозт
Нтъа — дон
Нцъа-нцъа д. — куыдз
Оппа кæнын, уыцци ракæнун д. — хæрдмæ æппарын
Орчо* — фыс, фыркъа
Папу — ахауын, нал и, фесæфын
Пи-пи*, пъи-пъи* — машинæ
Пис-пис, писа — гæды
Питт* (питт дзæцц) — иуцæстон, куырм, сохъыр
Пиф-паф*, пъиф-пъиф — æхсæнгарз (дамбаца, пистолет…)
Попо — стыр
Пысо — бæх
Пыфф* — æвзæр тæф
Реуа — мифон цæрæгуд, хæйрæг
Реуа кæнын — дыууæрдæм хъеллау кæнын
Рубæга, рубега*, рубига*, рубекка*, рувки*, — рувас
Сиринцъитæ д. — сабиты хъазт
Тæкку, тæкъу* — тæрхъус
Тъамæ цæуын* — тезгъо кæнын, балцы цæуын
Туку д. — гæды
Тъæнгивæзæнтæ д. — бæндæн фæйнæрдæм ивазын
Тъæпп-тъæпп — дæпп-дæпп
Тъури д. — тымбыл дур, хъазынæн
Уæрки, уæрко — уæрыкк
Уокка д. — рон
Уыццы кæнын, уцци кæнун д. — сыстын, слæууын
Фæгги — фæхъау
Фæккуы — фæткъуы
Фи, фуцци — фындз
Фи-фи* — бабыз
Хохо кæнын, хохо кæнун д. — лыг кæнын
Хуруджджи*, хуруччи* — тезгъо кæнын, балцы цæуын
Хуыппа — хъæрмхуыпп, цыминаг
Хуыппи — дон
Хуху кæнын* — хурх кæнын
Хынцъы, баппи* — æхсынцъы, чылауи
Хыхы кæнын — лыг кæнын
Хъахъа — карк
Хъихъо — хæрæг
Хъохъо — уасæг
Цаца — дарæс
Цыкк — чызг
Чичи* — дзидза
Чъупъа-чъупъа* — найын, хи найын
Нæ дзырдуаты спайда кодтам газет «Рæстдзинад»-ы
(1994.23.04, 1994.21.05, 2002.22.06, 2005.29.01, 2005.19.02)
æмæ журнал «Фидиуæджы» (2004, №2) æрмæджытæй.
Журнал «Мах дуг», 2006 аз, №5
Посты сæры къам райстам сайт «Sputnik Хуссар Ирыстон»-æй
Автор: Zilaxar Рубрика: Общество Метки: «Мах дуг», «Фидиуæг», ирон æвзаг