Предисловие В. Х. Наскидаева, инициатора переиздания исследований Дзегка Зураева:
«Настоящая книга — результат многолетней работы одного из достойных сынов Осетии, талантливого инженера, революционера, патриота Родины — это Дзегка Зураева.
Дзегка (Филипп) родился в с. Ахсау в Дигории. Семья была большая, жила бедно. Дзегка сызмальства помогал родителям, выполнял все работы по дому. Позже, когда отец начал торговать, в семье появились средства для того, чтобы отправить детей на учёбу. Дзегка поступил во Владикавказское реальное училище. Учился на отлично, был прилежным учеником. Одним из первых со своими товарищами вступил в ряды РСДРП, участвовал в революционном движении, выпускал революционную газету. В 1907 году был арестован и сослан на каторжные работы в Сибирь.
Отец помог Дзегка освободиться. Писарь Хамицаев из Дигорского округа сделал паспорт, по которому Дзегка смог выехать за границу. Жил в Польше, позже переехал в Германию и там сблизился с местными социал-демократами. Когда началась Первая мировая война, немецкие социал-демократы поддержали её, но Дзегка на митинге в Берлине выступил против войны, порвал свой партийный билет и вышел из партии, за что был сурово наказан.
Из Германии Дзегка перебрался в Англию, поступил в технический университет и по окончании получил диплом инженера-механика. В совершенстве владея немецким и английским языками, Дзегка в 1918 году переехал в США. Однако гражданство ему так и не было предоставлено и он оставался эмигрантом.
На чужбине Дзегка переживал за родные места. Сестра Муси, с которой он переписывался, просила его возвратиться на родину, в Дигорию, поскольку, писала она: «Твои друзья стали большими людьми». Он же отвечал, что не знаком с ними, а для Осетии хотел бы больше всего сделать — написать историю алан. «Все бумаги об аланах находятся в Германии, Англии, Франции США, к ним доступа для советских ученых нет. Написать надо историю алан настоящую. Не знаю, сколько лет понадобиться на это , но тогда вернусь на Родину — Иристон», — отвечал Дзегка.
19 лет Дзегка проработал главным механиком на заводе. Несколько раз выезжал в Европу, собирал материалы по истории алан в архивах и библиотеках. Собрав их, днём и ночью работал – подготовил два тома на английском языке.
В 1964 году хотел возвратиться на Родину, но ему не дали визу. Дзегка приехал в Осетию как турист. С собой он привёз книги и хотел, чтобы их перевели на русский язык и издали, просил разрешения органов безопасности проехать в Ахсау к могилам матери и отца. Но — безрезультатно. Книги не одобрили, а проезд не разрешили. Дзегка обиженным уехал обратно. Свои труды сам перевёл на русский язык и издал. К сожалению, не все книги нашли читателя, стали известны, часть материалов пропала, нет даже ссылок на его работы.
Имя Дзегка Зураева нигде не упоминается. Таинственным образом исчезла даже мемориальная доска с его именем с дома по улице Вахтангова, 14 в г. Владикавказе. Напомню читателю, что в этом доме в 1907 году располагался комитет РСДРП, членом которого был и Дзегка Зураев…
Дзегка умер в Нью-Йорке в 1980 году. Его сын Петр — авиаконструктор. Один из племянников — Аузби Зураев, который много делает для восстановления доброго имени Дзегка. Можно смело сказать, что Дзегка Зураев очень любил свою Родину, практически все свободное время посвящал вопросам этногенеза и этнографии осетин. И пусть в его трудах некоторые ученые ищут спорные выводы — главное, что имя бескорыстного исследователя истории Осетии не будет забыто».
Известный журналист Хазби Цгоев в своей книге «Мæ зæгъинæгтæ» (2014) приводит более детальную биографию Дзегка Зураева (замечу, что в ней есть небольшие расхождения с данными Наскидаева, например, дата смерти Дзегка):
«Дзегка райгуырд 1887 азы Дыгургомы Æхсæуы хъæуы мæгуыр, фæлæ стыр бинонты æхсæн. Уыдысты 75 бинойнаджы. Йæ дада Гайсанæн уыд аст фырты: Авсимайхуа, Дакуй, Бабот, Багкул, Емаза, Самаза, Алексей æмæ Дзигой. Гайсан Дыгургомы зындгонд уыд йæ хъаруйæ. Цуаны уæвгæйæ хъæбысæй-хъæбысмæ фæци арсимæ æмæ арсы аппæрста рындзæй. Уый йæ зæрдæ никуы сивта Æхсæуыл. Мæлгæ дæр уым акодта, йе ’фсымæр Басил та йæ æхсæз фыртимæ ралыгъд Разбунмæ (Дур-Дурмæ). Ам дæр хорз цардыл нæ фæхæст, зæхх сын нæ фаг кодта, æмæ йæ фырттæ æдзухдæр уыдысты революцийы фарс.
Авсимайхуа (Алыксандр) — Дзегкайы фыд, куыд дзурынц, афтæмæй уыд фидар удыхъæды хицау, домаг йæ цот æмæ йе ’фсымæртæй дæр. Цы хъуыддаг-иу райдыдта, уый хæццæ кодта кæронмæ, æрдæгыл ницы уагъта. Уымæ гæсгæ йæ Дыгургомы цæрджытæ равзæрстой бæрнон лæгæй Терчы облæсты хицауадмæ, цæмæй комы фæндæгтæ саразыныл бакуса. Фæстæдæр уыцы арæзтады сси куыстытæвæрæг. Хорз базонгæ облæсты хицауадимæ. Уымæ гæсгæ фæстæдæр къазнайы хардзæй хохаг фæндæгтæ аразыныл куыста Уæлладжыры, Куырттаты æмæ суанг Кæсæг-Балхъары кæмтты дæр.
Филипп (Дзегка) фарастаздзыдæй ахуыр кæнын райдыдта Мæхческы приходы скъолайы. Каст æй куы фæци, уæд æй йæ фыд тых æмæ амæлттæй, йæ зонгæты фæрцы ахуырмæ бакодта Дзæуджыхъæуы реалон училищемæ. Училищейы ахуыр кæнгæйæ, Дзегка хорз базонгæ прогрессивон революцион зондыл хæст бирæ ирон æмæ уырыссаг лæппутæ æмæ чызджытимæ. Йæхæдæг ссис революцион къорды разамонæг. Цыппæрдæсаздзыд лæппуйæ хорз æмбарын райдыдта раст æмæ зылын, хорз æмæ æвзæр, царды æнæрастдзинады аххосджын чи æмæ цы у, уый. Уымæ гæсгæ арф аныгъуылд революцион куысты. 1904 азы ныры Вахтанговы уынджы 14-æм хæдзары Дзегка разамынд лæвæрдта революцион къордæн, С. М. Кировы музей-хæдзар кæм уыдис, уый ныккæнды та мыхуыр кодтой листовкæтæ. Уыдоны афицертæ æмæ салдæттæм сидтысты æд хæцæнгæрзтæ сыстынмæ.
Уый фæстæ Зурайы-фырт ссис Дзæуджыхъæуы партион (УСДРП-йы) организацийы секретарь. Уыцы рæстæг уый хæстæг базонгæ Ной Буачидзе æмæ революцион архайды иннæ разамонджытимæ. 1907 азы Дзæуджыхъæуы пъæлицæ æрцахста партион организацийы иу хай. Уыдонимæ Зурайы-фырты дæр. Дыууæ азы дæргъы фæратæрхон-батæрхоны фæстæ сæ ахастой Сыбырмæ, Иркутскы губернимæ. Зураты Дзегка 1910 азы ралыгъд ахæстонæй æмæ Сыбырæй æрбахæццæ Мæскуымæ. Ам фембæлд йæ сусæг куысты æмбæлттæй цалдæримæ, æмæ йын уыдон бауынаффæ кодтой фæсарæнтæм ацæуын. Æндæр йæхи куыд бафæсвæд кодтаид пъæлицæйæ, уый амал не ссардтой. Есиаты Дзахо-Мурат æмæ Дудараты Сафары руаджы йын Есиаты Мураты номыл сцæттæ кодтой фæсарæйнаг паспорт, бацамыдтой йын, Бельги æмæ Францæй кæдæм бахауа, уым æй кæмæ бацæуын хъæуы, чи йæ суазæг кæндзæн, уыдæттæ. Дзегка Францы фæци 1914 азмæ. Фыццаг дунеон хæст куы райдыдта, уæд ацыд АИШ-мæ. Æмæ уым цæргæйæ баззад йæ амæлæты бонмæ. Йæ цард баиу кодта полынæйаг чызгимæ.
Райгуырд сын иу лæппу Петр æмæ дыууæ чызджы Ольгæ æмæ Нинæ. Дзегка 1973 азы куы амард, уæд æй йæ фырт æмæ иннæ америкаг ирæттæ баныгæдтой Калифорнийы. Петр абон дæр йæ мадимæ цæры уым. Йæ чызджытæй Ольгæ у дохтыр, Нинæ та — юрист. Гъе, афтæ царды тымыгъ йæ зджилæнты фæхаста Зураты Филиппы (Дзегкайы) йæ райгуырæн Ирыстонæй æмæ æнусмæ æрæнцад кæйдæр зæххыл. Афтæ йæ бæргæ нæ фæндыд…
Æдзухдæр йæхи ивæзта йæ райгуырæн уæзæгмæ, фæлæ революцийы рæстæг, бæстæйæ æдде чи аззад, уыдонæн æнцон æрбаздæхæн нал уыд. Бирæ къуырцдзæвæнтæ дзы сæвзæрд. Уæддæр Зурайы-фырт зæрдæ æмæ зондæй æдзухдæр уыд Ирыстоны. Уымæн хорз æвдисæн йæ дыууæтомон наукон чиныг дæр, райдианы кæй кой ракодтон, уый. Стыр наукон куыст у. Цас ыл фæтухæн кодта, уый йæхицæй хуыздæр чи зыдта. Æцæгæлон бæстæйы ахæм гуырахстджын куыстæн æрмæг æрæмбырд кæнын æмæ йæ ныффыссын хъæбатырдзинад у.
Йæ наукон куыстæн ын аккаг аргъ скодтой Абайты Васо æмæ иннæ ахуыргæндтæ. Васоимæ Дзегкайæн уыд фидар æмæ хæлар бастдзинæдтæ. Дзегкайæн ма Ирыстонмæ ссæуыны фадат фæци иунæг хатт-1964 азы. Раст цыма ногæй райгуырд, уый хуызæн уыд, фаг фæцин кодта йæ адæмыл, царды æмæ ахуыры се ’нтыстытыл. Сагьæс кодта мадæлон æвзаджы уавæрыл, адæм æй кæй рох кæнынц, ууыл. Кæд фæстæмæ æнкъардæй здæхт АИШ-мæ, уæддæр цыд ног тыхтимæ, разæнгарддзинад æмæ тырнындзинæдтимæ. Ам уагьта йæ ног хорз хæлæртты, зонгæты. Уыдонæй цалдæрмæ куыддæрты йæ къухы бафтыд, дыууæ азы фæстæ йæ чиныг куы рацыд, уæд уый æрбарвитын. Æмæ сæ йæ наукон куыстæй йæхимæ тынгдæр æркæсын кодта.
Чиныг «Северные иранцы»… егъау наукон куыст кæй у, уый бæрæг у иу æркастæй дæр. […] Чиныджы разныхасы загъд ис, зæгъгæ, автор архайдта Хурыскæсæн Европæйы, Волгæйы, Уралы дæлвæзтæй æмæ Азийы æндæр рæттæй, суанг рагзаман Китайы арæнты онг чи хæццæ кодта, уыцы зæххытæй рацæуæг ирæтты æппæт знæмты бастдзинæдтæ æмæ иугæндзон истори цæстытыл ауайын кæныныл. Æмæ йæ къухы бафтыд. Уымæй уæлдай ма чиныджы ис «Антропологион таблицæ» æмæ «Хронологион амынддзинæдтæ». […]
Стыр лæггад бакодта Ирыстонæн, ирон адæмы историйæн æхсæуыхъæуккаг Зураты ахуыргонд Дзегка, æмæ йæ бæллиц — Ирыстоны æрæнцайын кæд йæ къухы нæ бафтыд, уæддæр йæ фæллой райст-бавæрдæй лæудзæн ирон наукон иртасæн куыстыты æхсæн. Цæмæй йемæ уæрæх дзыллæтæ базонгæ уой, уый тыххæй та æнæмæнг у ам нæхимæ рауадзинаг».
Книга Зураева — работа просто уникальная. Автор продел просто невероятную по своему объему работу. Безусловно, не будучи профессиональным историком, Зураев допустил в ней много ошибок и поспешных выводов. Тем ни менее, книга вызывает громадный интерес для всех интересующихся историей осетинского народа.
Дзегка Зураев — персонаж коста-хетагуровского типа. Как и многие его современники, он, во многом, предвосхитил один из архетипов бытия современного осетина, который можно охарактеризовать как «тоска по Родине». Молодой интеллигент, интересующийся своими предками, вынужденный уехать из Осетии, но постоянно думающий о ней, и желающий принести ей пользу даже в нынешнем своем положении. Многие узнают в нем себя. Тяжело это признавать, но, наверно, хорошо, что он вовремя уехал. Нет сомнений, в том, что представитель «старой гвардии» революционеров, да ещё и представитель национальной интеллигенции, был бы просто уничтожен во время сталинских чисток, пополнив собой список безвозвратных потерь лучших людей Иристона.
Спасибо всем, кто принял участие в популяризации наследия Дзегка Зураева! Его имя достойно ярко сиять на небосводе осетинской истории.
Автор: Zilaxar Рубрика: Библиотека, История, Культура Метки: Дзегка Зураев, США, Хазби Цгоев, эмигранты